Рæсугъддзинад æмæ ды — фаззæттæ. Дæ рæсугъддзинад — таурæгъ...
Лæууыдтæн дæ бакомкоммæ æмæ фыр цымыдисæй улæфгæ дæр нал кодтон. Нал мæм хъуысти музейы кусæджы зæлланггæнаг хъæлæс. Цавæрдæр æнæзонгæ æнкъарæн мын сындæггай змæлын кодта мæ зæрдæйы. Хъуысти æрхæндæг симфони. Хъуысти æмæ буары уагъта цыдæр æнахуыр уазал.
О, Нефертити...
Æз лæууыдтæн дæ цуры æмæ мæхи фарстон: «Цы дыл æрцыд? Цавæр æнæхуыссæг цæхæр ис дæ дыууæ цардбæллон цæсты? Дæ диссаджы фæлгонц адæймаджы зæрдæ цæмæн агайы? Дæ цæстыты Паганинийы хъынцъым, фæлгонц — Ренуары къухæвнæлд...»
Гусалты Витали "Хуры тын æмæ къæдзæхдур" (лирикон фантази)
#рухс_ссудз
#рс_проза

Цард цыма æрмæст уысмы бæрц у,
Хъулæттæ: нæргæ цинæй — мæтъæлмæ.
Хъус-ма, мæйрухс, райсом дæр æрцу,
Ам та дæм кæсдзыстæм мах æнхъæлмæ.
Косты Лизæ "Куывды"
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Хъулæттæ: нæргæ цинæй — мæтъæлмæ.
Хъус-ма, мæйрухс, райсом дæр æрцу,
Ам та дæм кæсдзыстæм мах æнхъæлмæ.
Косты Лизæ "Куывды"
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Уысм - отрезок времени; период; мгновение, момент; 2) выдержка;
Хъулон - пёстрый, пегий; рябой;
Нæргæ - 1) гремящий; 2) гремучий;
Мæтъæл - 1. скорбь, печаль, грусть; 2. 1) вялый, слабый; 2) грустный, печальный, скорбный;
Хъулон - пёстрый, пегий; рябой;
Нæргæ - 1) гремящий; 2) гремучий;
Мæтъæл - 1. скорбь, печаль, грусть; 2. 1) вялый, слабый; 2) грустный, печальный, скорбный;
О, цас чызджытæ Иры!
Фæлæ нæ лæппутæ — фынæй,
Хæмыцы рихи — бирæ,
Фæлæ Хæмыцы дæндаг нæй!
Къадзаты Станислав
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Фæлæ нæ лæппутæ — фынæй,
Хæмыцы рихи — бирæ,
Фæлæ Хæмыцы дæндаг нæй!
Къадзаты Станислав
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Ды фæцæйцыдтæ рухс калгæ уынджы,
Уынг уæлион дзæнæтау ысуындджын.
Дуне фестади кувæндон, аргъуан,
Ды — йæ бæстастæу судзгæ цырагъау.
Бестауты Геуæрги
"Ды фæцæйцыдтæ рухс калгæ уынджы"
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Уынг уæлион дзæнæтау ысуындджын.
Дуне фестади кувæндон, аргъуан,
Ды — йæ бæстастæу судзгæ цырагъау.
Бестауты Геуæрги
"Ды фæцæйцыдтæ рухс калгæ уынджы"
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Forwarded from mood æмæ мæ уд
Интересная параллель между современной культурой отмены и осетинским старинным обычаем хъоды. То, что делает сейчас весь мир, осетины начали делать пару веков назад.
С культурой отмены каждый сейчас знаком. Из актуального: отмена России, отмена Канье Уэста, отмена Джонни Деппа в прошлом и некоторых известных актеров.
Хъоды - крайняя мера общественного наказания, которое выражало собой всеобщее презрение и отвержение.
""Хъодыгонд" оказывался в общественном вакууме, как неодушевленный предмет. Никто не имел права общаться с таким или оказывать ему какую-либо помощь. А нарушивший обычай «Хъоды» и вступивший с отверженнным в контакт, сам рисковал оказаться в том же положении".
Жесткая мера, конечно, учитывая особенности осетинского общества, которое никак не назовешь интровертным. Все делалось сообща: вспомните обычаи зиу, ныхас и традиции проведения мероприятий как общественного характера (бæрæгбон, дзуары бон), так и узкосемейного (чындзæхсæв, зиан).
Для того, чтобы объявить хъоды собирался ныхас. Случай обсуждали на совете старших и только потом принимали решение. Решения большого всемирного Ныхаса - Ассамблеи ООН больше похожи на решения импульсивной женщины, на мой взгляд.

This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Хæмыцы рихи - ковыль
«Хæмыцы комы уыд Архъызы дæндаг. Уыцы дæндагмæ ахæм миниуæг уыд, æмæ-иу æй сылгоймаджы мыггагæй кæмæдæриддæр равдыстаид Хæмыц, уый-иу ын йæ фæндоныл дыууæ нæ загътаид. Уымæ гæсгæ бирæты зæрдæхудт райста Хæмыц».
#рс_нартыкадджыта
#рс_нартыкадджыта
АВД ХОЙЫ - СТЪАЛЫТÆ
У ма æнафон,
Арвы астæу ма
Авд хойы кафынц:
Аззæ,
Уырыззæ,
Цицц,
Уæрдахъ,
Дæдæкк,
Уæдæкк,
Уыдон кæстæр — Къæбæда.
Радзырдта йæ Цæрукъаты Дариа Убæдзы чызг, 65-аздзыд. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт. 1961 аз, 19 февралъ, Хъарман-Сындзыхъæу.
*Авд хойы - Звездное скопление Плеяды
ÆРТАЙГÆЙ САБИТÆ ЗАРУНЦÆ:
О, хор, ракæсæ, —
Цъеути мадæ
Сæйгæ кæнуй.
Нæуæг ностæ
Кæрдзин кæнуй.
Зæронд нана
Къумæл цæгъдуй.
Гъомбæл кизгæ
Къумтæ сæрфуй.
Мах, седзæрти,
Æфсадунцæ,
Æфсес цард нин
Аразунцæ.
Ныффыста йæ Гарданты Михал, 1920 аз, 9 июнь, Владикавказ. Йæ радзурæг бæрæг нæу.
ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 164—1, напкæ 51, ф. 80.
АМ ГАЛ ХЫЗТИ
(Сывæллоны æнгуылдзтыл амонгæйæ)
Ам гал хызти,
Ам дæлæмæ ратылд.
Ай йæ аргæвста,
Уый йæ бастыгъта,
Уый йæ сфыхта,
Уый йæ байуæрста.
Амæн хай нæ фæци æмæ
Хъаст кодта,
Хъыллист кодта.
Хъаст кодта,
Хъыллист кодта.
Уæлæ цары
Цæхджын мыст.
Хъыдзы-хъыдзы!
Радзырдта йæ Цæрукъаты Дариа Убæдзы чызг, 65-аздзыд. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт. 1961 аз, 19 февралъ, Хъарман- Сындзыхъæу.
СУВÆЛЛÆНТТИ ЗАР
- Кæми адтæ?
- Касатæмæ.
- Йетæ дин ци равардтонцæ?
- Карк æма уасæнгæ.
- Йетæ дин ци фæцæнцæ?
- Биндзæ сæ рахуардта.
- Биндзæ ба ци фæцæй?
- Бæласæбæл бабадтæй,
- Бæласæ ба ци фæцæй?
- Фæрæт æй ракъуæрдта.
- Фæрæт ба ци фæцæй?
- Гъæддзаутæ ’й фæддавунцæ.
- Гъæддзаутæ ба ци фæцæнцæ?
- Дони фæннайунцæ.
- Дон ба ци фæцæй?
- Куй æй расдардта.
- Куй 6а ци фæцæй?
- Топп æй рамардта.
- Топп ба ци фæцæй?
- Хадзий хункъи ниххаудта.
Радзырдта йæ Ботъоты Къæрæсе Темурхъаны фырт. Ныффыста йæ Гарданты Михал. 1928 аз, 20 мартъи, Чырыстонхъæу. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 163—6, папкæ 50, ф. 38.
#рухс_ссудз
#рс_адамон
#рс_дигоронау

Подкаст звучит и на осетинском, и на русском. Чтобы больше людей послушали, поняли! Интересный на мой взгляд получился. Сама радовалась своим открытиям и осознаниям пока готовила материал. И в детство окунулась. Давайте и вы со мной!))
#рухс_ссудз
#рс_подкаст
#рухс_ссудз
#рс_подкаст
Бамæтавæ, уæлæ хор...
Скъодтаты Эльбрусы æмдзæвгæ кæсы Саулохты Ланæ.
Дигорæнттæ ам йес? Кенæ ба дигоронау ка лæдæруй?
#рухс_ссудз
#рс_дигоронау
#рс_уацмысдзуры
Скъодтаты Эльбрусы æмдзæвгæ кæсы Саулохты Ланæ.
Дигорæнттæ ам йес? Кенæ ба дигоронау ка лæдæруй?
#рухс_ссудз
#рс_дигоронау
#рс_уацмысдзуры
О, цардуарзты æхсызгон сæнттæ!
О, дунесконды рухс фæлгонц!
Æдзух мæ зæрдæйæн ныфс дæтты
Лæджы зынг бæллицты уæлмонц.
Боциты Солтан
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
О, дунесконды рухс фæлгонц!
Æдзух мæ зæрдæйæн ныфс дæтты
Лæджы зынг бæллицты уæлмонц.
Боциты Солтан
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Мæ кæстæртæн
Æнæ архайдæй бæллицтæ сты рохбаст —
Цы у æвгын цыкурайы фæрдыг!..
Кæддæрты-иу мæнмæ дæр дзурын хорз каст,
Ныр та...
Ныр та мæ аразын фæнды!
Ходы Камал
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Æнæ архайдæй бæллицтæ сты рохбаст —
Цы у æвгын цыкурайы фæрдыг!..
Кæддæрты-иу мæнмæ дæр дзурын хорз каст,
Ныр та...
Ныр та мæ аразын фæнды!
Ходы Камал
#рухс_ссудз
#рс_поэзи