рухс_ссудз
2.51K subscribers
418 photos
87 videos
22 files
165 links
обратная связь - https://t.iss.one/ruxs_ssudzBot
Download Telegram
Нарт Сырдоны фæлгонц æвдисæг кадджытæй иу. Кастыстут æй?
Без перевода текста ⬆️
С переводом текста ⬆️
Афæдз йæ фæдджитæ 'рбатымбыл кодта,
Ивгъуыдмæ махæй цæуы.
Ахæссæд йемæ фыдниз мæ фыдбонтæ,
Хæрзбон ын мæнгдуне зæгъы.
Ногаз та барджынæй 'рлæууыд йæ рады,
Амæндтæ хæссæг фæуæд.
Адæмы сомбон уæд фарнæфсæст царды,
Хур нæм цъæх арвæй кæсæд.
Хорз уац æрбахæссæнт ногазы бонтæ,
Уæлахизы аз нын фæуæд.
Хæсты хъæр банцайæд, сабыр уæд бæстæ,
Цардæфсæст алчидæр уæд.
Дунейы паддзæхтæм хорз зонд æрцæуæд,
Адæмы мауал цæгъдæнт.
Зыд æмæ кæрæф удтæй фæсурæнт,
Знæт цæстæй мауал кæсæнт.
Ногаз йæ хордзены ног хæрзтæ ‘рхæссæд,
Афæдз нæм худгæ кæсæд.
Дзагармæй æфсинтæ фынгтæ æвæрæнт,
Уарзонæй дзыллæ цæрæнт.

Гæцойты Анета
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Ног азы хорзæх уæ уæд! 🎄🥂
Готовлю небольшую беседу по Нартам. Кому интересно было бы такое мероприятие? ?Рабочее название беседы: Нарт æцæг сты? или Нарты и их подвиги.