рухс_ссудз
2.64K subscribers
542 photos
105 videos
24 files
187 links
обратная связь - https://t.iss.one/ruxs_ssudzBot
Download Telegram
Арв йæ фæдджитæ зæхмæ ивазы,
Горæт мигъы ныуæрды йæхи,
Æз дæ фæндыл бæргæ уыдтæн разы –
Фæлæ, адагау, не хсæн – фыдхин.

Сусæг хъуыдыты аныгъуылд зæрдæ...
Нал уыд рагæй хæдзайраг ныр уд —
Уый, фыдхастау, ныдздзæгъæл фæйнæрдæм,
Зилы, агуры алкуы хъæрмуд...

Арвы цæстыты кæуындзæг бады,
Æрдз гæмæлæй йæхимид ныхъхъус...
Ох, ныууадз-ма мæ сагъæс, мæ адыл,
Бауадз зæрдæмæ иучысыл рухс.

Дымгæ митхæццæ сыфтæртæй хъазы,
Уымæн афонты ивæн — уæлдай.
Æз дæ зæрдæмæ нал хæссын азым.
Ацу, уадзын дæ, амонд дæ хай!

© Дыгъуызты Залинæ
#рухс_ссудз
#рс_хастагдар
👍103🔥1
Дыгъуызты Залинæ райгуырдис Сатихъары, Цхинвалы районы. Цæры ныр Цхинвалы. Æмдзæвгæтæ фыссы 16 азæй фæстæмæ.

Ирон фысджытæй уæлдай стыр аргъ кæны Гæдиаты Секъайы прозæ. Ирон поэзийы минæвæрттæй та - Бестауты Гиуæргийы сфæлдыстадæн. Уарзы кæсын уырыссаг поэтты дæр: Сергей Есенин, Маринæ Цветаева, Евгений Евтушенко æмæ æнд.

Цымыдисаг у, уый æмæ Залинæ ахуыр кодта вокалон хайады, йæ фыццаг дæсныйадмæ гæсгæ у зарæггæнæг. Уымæй уæлдай ныффыста цалдæр зарæджы. Сфæлдыстадон ахастдзинæдтæ йын ис нывкæнынадимæ дæр. Чысылæй бæллыди нывгæнæг суæвынмæ. Фæлæ поэзийы уылæнтæ йæ йæхимæ ахастой.

Залинæ зæрдиагæй архайы персайнаг дистихтæ ирон æвзагмæ тæлмац кæнын. Дистихтæ сты дыууæ рæнхъæй фыст æххæст уацмыс. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уыцы жанр йæ зæрдæмæ тынг æввахс у. Суанг ма йæхæдæг дæр ныффыста цалдæр бейты (хурныгуылæн адæмыхæттыты æххæст дырæнхъонтæ) - тагъд уын сæ равдисдзыстæм.

Цыбыр блиц-æрфарст Дыгъуызты Залинæйæн:

1. Цæмæй райдайы дæ райсом?
- Мидбылхудт æмæ къофийæ.

2. Цы равзардзынæ: хæхтæ æви денджыз?
- Хæхтæ.

3. Цавæр музыкæмæ уарзыс хъусын?
- Мæ зæрдæйы уаг куыд уа, уымæ гæсгæ.

4. Дæхæдæг та цы уарзыс зарын?
- Романстæ. Советон дуджы зарджытæ.

5. Адæймаджы миниуджытæй цавæрæн стырдæр аргъ кæныс?
- Адæймагдзинад.
#рс_хастагдар
8
Мегъӕрфуг - мӕй-цӕстӕ,
Арви цъӕх ӕ бӕстӕ.
Ӕгъзалуй йӕ тунтӕ,
Итауй хуӕрзфунтӕ.

Ка йӕй? Ка си кӕсуй?
Сосӕй ка фӕлгӕсуй?
Равдесун на комуй?
Ӕви кӕд ӕргом ӕй?

Ӕви уотид уотӕ 'й -
Нивтӕ ӕнӕ уодӕй?
Цӕстӕ 'й исӕргъавта,
Зӕрди ба бандавта?

Талингӕ мӕйрохси -
Къахдзӕвтӕ 'хсӕвгъоси.
Нӕ гъӕуй фарстатӕ
Ӕма уа-нӕуатӕ..

Рохс кӕнуй мӕ рӕзтӕ
Арвбӕл и мӕй-цӕстӕ.
Хузӕ уа, ций фӕндуй -
Уод ибӕл баууӕндуй.

Гегкити Сослан

#рухс_ссудз
#рс_дигоронау
#рс_хастагдар
👍82