рухс_ссудз
2.64K subscribers
542 photos
105 videos
24 files
187 links
обратная связь - https://t.iss.one/ruxs_ssudzBot
Download Telegram
Фразеологизмтæ:

1. Къух уазал доны нæ тулын (букв. руку в холодную воду не опускать)– дзæгъæлы бадын, ницы кусын/пальцем не шевельнет.
Дæнцæг: Йæ фырттæ (Гуыбечырæн) сæ къух уазал доны нæ тылдтой. Æрмæст сæ сираг бæхтыл хъæуæй-хъæумæ лекка кодтой. Биазырты Д. Сæгуассæ;

2. Стджытæй асинтæ аразын (букв. из костей лестницы делать) – æдзух уæлдæр бынæтгæм тырнын, зыд кæнын, искæуыл нæ хъуыды кæнын.
Дæнцæг: Удæй мæгуыр чи у, уыдон тырнынц уæлдæр бынæттæм... Бырынц сæ цыппæртыл, стджытæй аразынц асинтæ. Р. 1993, 19 ноябрь;

3. Халон сæ стæг нæ хæссы (букв. ворон кость у них не уносит) – сæрæн; чидæр кæмæйдæр тыхæй ницы байсдзæн.
Дæнцæг: Æлдар сабырæй дзырдта: - Уыцы куыйтимæ дзурын арсимæ кæрдо цæгъдынæй уæлдай нæу. Халон сæ стæг нæ хæссы. Исты хуызы сæ нæ маст райсын хъæуы. Хъайтыхъты А. «Æнæбары бæлццон».

#рухс_ссудз
#рс_авзаг
#рс_фразеологи
Ирон фразеологизм:

Хъулон уарзт кæнын -
искæй фылдæр уарзын иннæтæй, искæмæ хуыздæр ахаст дарын.
#рухс_ссудз
#рс_фразеологи
7