ФÆЛМÆ
Сæуæхседи артæй
Фæззиндтæн зæнхи арммæ.
Хъуæлти гъазгæй радæй,
Нæ искастæн мæ сæрмæ.
Гиризгæнгæй цардæй,
Ратухстæн цъæх изæрмæ,
Бон еувæрсти рандæй, —
Фæууагъта фæлорс фæлмæ...
Скъодтати Эльбрус
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
#рс_дигорон
Сæуæхседи артæй
Фæззиндтæн зæнхи арммæ.
Хъуæлти гъазгæй радæй,
Нæ искастæн мæ сæрмæ.
Гиризгæнгæй цардæй,
Ратухстæн цъæх изæрмæ,
Бон еувæрсти рандæй, —
Фæууагъта фæлорс фæлмæ...
Скъодтати Эльбрус
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
#рс_дигорон
О, цардуарзты æхсызгон сæнттæ!
О, дунесконды рухс фæлгонц!
Æдзух мæ зæрдæйæн ныфс дæтты
Лæджы зынг бæллицты уæлмонц.
Боциты Солтан
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
О, дунесконды рухс фæлгонц!
Æдзух мæ зæрдæйæн ныфс дæтты
Лæджы зынг бæллицты уæлмонц.
Боциты Солтан
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
ЦАРДЫ ФÆНДАГ
Цæй хорз у, ехх, дзæвгар рæстæг фæцæрын!
Цы цæрай, уый та хъуамæ уа дзæбæх.
Кæм дæ, зынгбазырджын æмдзæвгæ?
Ныннæр, цæхæртæкалгæ тæх,
Дæ фæстæ 'Рфæны фæд æвзæрæд!
Зынаргъ у цард,
Æнæкæрон зынаргъ у,
Æмæ йыл чи фæзардзæни йæ фаг?
Æмбæхсы дард кæмдæр йæ сызгъæрин фæндаг,
Фæлæ, кæсут-ма, гъей, уæддæр цæй даргъ у!
Калоты Хазби
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Цæй хорз у, ехх, дзæвгар рæстæг фæцæрын!
Цы цæрай, уый та хъуамæ уа дзæбæх.
Кæм дæ, зынгбазырджын æмдзæвгæ?
Ныннæр, цæхæртæкалгæ тæх,
Дæ фæстæ 'Рфæны фæд æвзæрæд!
Зынаргъ у цард,
Æнæкæрон зынаргъ у,
Æмæ йыл чи фæзардзæни йæ фаг?
Æмбæхсы дард кæмдæр йæ сызгъæрин фæндаг,
Фæлæ, кæсут-ма, гъей, уæддæр цæй даргъ у!
Калоты Хазби
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Тæнæг мылаз сæумæйы рухсмæ тади,
Рæхцыд ма зæхх йæ урспакъуы фынты. —
Ныууарыд мит, уæрагæрфæн æрбадти...
Уыдтон: цæхгæрмæ рафæд кодтай ды.
Уыдтон: ныззылдтæ донисæн æрхырдæм,
Фæаууон дæ уæ сыхæгты фæскау.
æз та лæгæрстон хъæууынгты дæргъырдæм,
Нæ фæдтæ фесты дзуарæвæрд — сынкау
Цыма дыл хъавгæ бамбæлдтæн мæ армæй,
Цыма æрдæ мæ сагъæсты æмуд...
Фæлæ мæ тъæры ницы баззад хъармæй, —
æрмæст дзы- уазал, уаддымгæйы футт...
Кæддæр уыд уый...
Тызмæг рæстæг мæ сæрыл
æгæр-мæгуыр нæ ныууагъта хъуын дæр.
Нæ рагфембæлд мæ зæрдæйы къæсæрыл
Зыны мысалгъæй дзуар-къахтау ныр дæр!
Цæрукъаты Алыксандр
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Рæхцыд ма зæхх йæ урспакъуы фынты. —
Ныууарыд мит, уæрагæрфæн æрбадти...
Уыдтон: цæхгæрмæ рафæд кодтай ды.
Уыдтон: ныззылдтæ донисæн æрхырдæм,
Фæаууон дæ уæ сыхæгты фæскау.
æз та лæгæрстон хъæууынгты дæргъырдæм,
Нæ фæдтæ фесты дзуарæвæрд — сынкау
Цыма дыл хъавгæ бамбæлдтæн мæ армæй,
Цыма æрдæ мæ сагъæсты æмуд...
Фæлæ мæ тъæры ницы баззад хъармæй, —
æрмæст дзы- уазал, уаддымгæйы футт...
Кæддæр уыд уый...
Тызмæг рæстæг мæ сæрыл
æгæр-мæгуыр нæ ныууагъта хъуын дæр.
Нæ рагфембæлд мæ зæрдæйы къæсæрыл
Зыны мысалгъæй дзуар-къахтау ныр дæр!
Цæрукъаты Алыксандр
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
ДИДИНÆГ МА РАКАЛ
Дидинӕг ма ракал, дидинӕг ма ракал,
Байхъус мӕм, ма у къуырма.
Дидинӕг калынӕн, дидинӕг калынӕн,
Уалдзӕг нӕма рцыд нырма.
Уый мӕм нӕ байхъуыста, коммӕ нӕ бакасти,
Йе стыр уарзт райхӕлд уӕддӕр.
Амонды базыртыл, амонды базыртыл
Иунӕг бон калдта цӕхӕр.
Иннӕ бон карз зымӕг, урс бӕхыл хъазгӕйӕ,
Зӕхмӕ фӕзынди ӕваст.
Гъе, мӕгуыр дидинӕг, гъе, мӕгуыр дидинӕг,
Миты сӕр бамыр дӕ уарзт.
Хуры иу ракастӕй, боны иу бахудтӕй
Чи фергом афтӕ ӕгӕр?
Чеджемты Æхсар
Рухсадон проект/ просветительский проект
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Дидинӕг ма ракал, дидинӕг ма ракал,
Байхъус мӕм, ма у къуырма.
Дидинӕг калынӕн, дидинӕг калынӕн,
Уалдзӕг нӕма рцыд нырма.
Уый мӕм нӕ байхъуыста, коммӕ нӕ бакасти,
Йе стыр уарзт райхӕлд уӕддӕр.
Амонды базыртыл, амонды базыртыл
Иунӕг бон калдта цӕхӕр.
Иннӕ бон карз зымӕг, урс бӕхыл хъазгӕйӕ,
Зӕхмӕ фӕзынди ӕваст.
Гъе, мӕгуыр дидинӕг, гъе, мӕгуыр дидинӕг,
Миты сӕр бамыр дӕ уарзт.
Хуры иу ракастӕй, боны иу бахудтӕй
Чи фергом афтӕ ӕгӕр?
Чеджемты Æхсар
Рухсадон проект/ просветительский проект
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
Хæрхæмбæлд фестæм уынджы абон,
Фæлæ та бамыр и мæ дзых...
Дæуæн та цыма «уарзын» загътон, —
Дæ цæсгом уардийау фæсырх.
Нæ, уый зæринбазыр сæуæхсид
Ыссыгъд дæ уадултыл, фæхудт.
Тæхуды, уый фæстæ куы скæсид
Мæныл дæ сау цæстыты хур!
Хъодалаты Герсан
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Фæлæ та бамыр и мæ дзых...
Дæуæн та цыма «уарзын» загътон, —
Дæ цæсгом уардийау фæсырх.
Нæ, уый зæринбазыр сæуæхсид
Ыссыгъд дæ уадултыл, фæхудт.
Тæхуды, уый фæстæ куы скæсид
Мæныл дæ сау цæстыты хур!
Хъодалаты Герсан
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Æртахти булæмæргъ мæ бæстæм
Æмæ йæ фæндырæй æрцагъта.
Сæрибар уалдзыгон ныхæстæй
Мæ зæрдæ цинæй арт ысуагъта.
Ныр сатæг уадымсы фæйлауæн
Мæ былтæм хи æнгом нылвасы...
Салам нæ уалдзыгон æгъдауæн!
Æз ын йæ тæмæн бирæ уарзын;
Цъæх гауыз раппæрста нæ фæзтæм
Æмæ йыл дидинджытæ 'рсагъта.
Сæрибар уалдзыгон ныхæстæй
Мæ зæрдæ цины арт ысуагъта.
Калоты Хазби
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Æмæ йæ фæндырæй æрцагъта.
Сæрибар уалдзыгон ныхæстæй
Мæ зæрдæ цинæй арт ысуагъта.
Ныр сатæг уадымсы фæйлауæн
Мæ былтæм хи æнгом нылвасы...
Салам нæ уалдзыгон æгъдауæн!
Æз ын йæ тæмæн бирæ уарзын;
Цъæх гауыз раппæрста нæ фæзтæм
Æмæ йыл дидинджытæ 'рсагъта.
Сæрибар уалдзыгон ныхæстæй
Мæ зæрдæ цины арт ысуагъта.
Калоты Хазби
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Уарзондзинад лæгъстæтæ, цæстысыгтæй нæу.
Зæды цур дæр дæ зонгуытыл макуы æрлæуу.
Дар-иу дервишау алкæм дæхи ды сæрибар,
Æмæ, чи зоны, бауарзой уый фæстæ дæу.
Омар Хайам
Дзасохты Музаферы тæлмац
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Зæды цур дæр дæ зонгуытыл макуы æрлæуу.
Дар-иу дервишау алкæм дæхи ды сæрибар,
Æмæ, чи зоны, бауарзой уый фæстæ дæу.
Омар Хайам
Дзасохты Музаферы тæлмац
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
ЗÆРДÆЙЫ ЦÆРÆГ
Æз хохмæ систон дæу къуылдымæй —
Хъыгæн дæр, цинæн дæр æгæр дæ...
Куы дæ фæрсой, кæм цæрыс, уымæй,
Уæд сын-иу бацамон мæ зæрдæ.
Дзасохты Музафер
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Æз хохмæ систон дæу къуылдымæй —
Хъыгæн дæр, цинæн дæр æгæр дæ...
Куы дæ фæрсой, кæм цæрыс, уымæй,
Уæд сын-иу бацамон мæ зæрдæ.
Дзасохты Музафер
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Баргъæвст зæрдæ, басыд дурыл,
Уæ, кæм дæ ды, тавгæ хур?!
Бамбæхст мигъы, нал и къулыл.
Уазал дары зæрдæ дур.
Токаты Алихан
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Уæ, кæм дæ ды, тавгæ хур?!
Бамбæхст мигъы, нал и къулыл.
Уазал дары зæрдæ дур.
Токаты Алихан
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи