Бамæтавæ, уæлæ хор...
Скъодтаты Эльбрусы æмдзæвгæ кæсы Саулохты Ланæ.
Дигорæнттæ ам йес? Кенæ ба дигоронау ка лæдæруй?
#рухс_ссудз
#рс_дигоронау
#рс_уацмысдзуры
Скъодтаты Эльбрусы æмдзæвгæ кæсы Саулохты Ланæ.
Дигорæнттæ ам йес? Кенæ ба дигоронау ка лæдæруй?
#рухс_ссудз
#рс_дигоронау
#рс_уацмысдзуры
УАРЗОНДЗИНАДÆ
(Рагон тауæрæхь)
Еу зæронд лæг æ фурти тæскъæ бийгæ фæууидта. Баймæцудæй æмæ ’й фæрсуй зæронд лæг:
— О мæ фурт, уомæй 6а ци кæни?
И фурт имæ дзоруй:
— Дæу си ниввæрдзæн ’ма дæ кæд дони багæлдзинæ.
Зæронд дзоруй æ фуртмæ:
— Ма ’й федардæр исбийæ, дæхе дæр багъæудзæй.
Радзырдта йæ Золойты Данел Давкуйы фырт, 90-аздзыд, 1971 аз. Ныффыста йæ Золойты Изетæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив, 1971 аз, № 34.
#рс_адамон

После комментария одного из наших читателей решили собрать по хэштэгу #рс_дигоронау контент на дигорском.
Там есть стихотворения и пара разборов, подкаст и Лана Шавлохова начитала стихотворение Эльбруса Скодтаева. Фенут-ма 🕊
Мы стараемся публиковать контент на обоих вариантах осетинского языка.
Там есть стихотворения и пара разборов, подкаст и Лана Шавлохова начитала стихотворение Эльбруса Скодтаева. Фенут-ма 🕊
Мы стараемся публиковать контент на обоих вариантах осетинского языка.
ÆМБИСОНД:
Amond næ agurdtaj, ændæra ‘j isserdtajsæ/ ты не искал счастья, а не то нашел бы его
#рухс_ссудз
#рс_амбисонд
#рс_дигоронау
Amond næ agurdtaj, ændæra ‘j isserdtajsæ/ ты не искал счастья, а не то нашел бы его
#рухс_ссудз
#рс_амбисонд
#рс_дигоронау
КУВД
О, нæ хуцау, о, нæ фидæ,
Цард радтæг, дуйней дарæг,
Цардæн æппæлуйнаг ку дæ,
Арв æма зæнхи бадæг!
Нæ хъурми æнцон дæ номæй
Ку уолæфæн, ку цæрæн,
Имисгæй ба дæ зæрддонæй,
Бæрæг читгин ку кæнæн!
Кæнæн дæмæ йидаугути,
Кувди сæри минæвар;
Фæдзæхсæн дæбæл кæугути,
Æппæлгæй цард — дæ лæвар!
Уо, хуцау, коргæ ди кæнæн
Æма радтæ æнæвгъау:
Уæрдунгинæн — федар сæмæн,
Хуймонæн — федар рæтæн,
Нæ бæлццонтæн — ирайгæ хатт,
Ковгутæн — зæрдæнцойнæ,
Не 'фсæддонтæн — федар кард,
Федардæр ба — æгъдинцойнæ;
Нæ цæугутæд — фæндаги раст,
Иергъæф. кæнæ — сæйгæ ка 'й;
Æзнаг, фудголи — федар баст,
Дæ хуарзæй ба — дзæбæх хай!
Гурджибети Блашка
#рухс_ссудз
#рс_дигоронау
О, нæ хуцау, о, нæ фидæ,
Цард радтæг, дуйней дарæг,
Цардæн æппæлуйнаг ку дæ,
Арв æма зæнхи бадæг!
Нæ хъурми æнцон дæ номæй
Ку уолæфæн, ку цæрæн,
Имисгæй ба дæ зæрддонæй,
Бæрæг читгин ку кæнæн!
Кæнæн дæмæ йидаугути,
Кувди сæри минæвар;
Фæдзæхсæн дæбæл кæугути,
Æппæлгæй цард — дæ лæвар!
Уо, хуцау, коргæ ди кæнæн
Æма радтæ æнæвгъау:
Уæрдунгинæн — федар сæмæн,
Хуймонæн — федар рæтæн,
Нæ бæлццонтæн — ирайгæ хатт,
Ковгутæн — зæрдæнцойнæ,
Не 'фсæддонтæн — федар кард,
Федардæр ба — æгъдинцойнæ;
Нæ цæугутæд — фæндаги раст,
Иергъæф. кæнæ — сæйгæ ка 'й;
Æзнаг, фудголи — федар баст,
Дæ хуарзæй ба — дзæбæх хай!
Гурджибети Блашка
#рухс_ссудз
#рс_дигоронау
#рс_поэзи - отрывки стихотворений осетинских поэтов
#рс_адамон - произведения народного творчества
#рс_дигоронау - материалы на дигорском
#дзырдайдзырдма - интересные идиомы, фразы, которые я собираю прям в поле: из речи обычных людей
#рс_архив - архивные материалы, письма, фотографии
#рс_этнографи - этнографические материалы
#автордзуры - авторские статьи, заметки, разборы и анализ создателя проекта Ирины Кадзовой
#рс_подкаст - аудиокомментарии по произведениям, этнографическим материалам
#рс_дзырд - этимологический и семантический разбор отдельного слова
#рс_амбисонд - осетинские пословицы
#рс_авзаг - материалы по языку, лингвистике
В прикреплённых сообщениях есть ссылки на эти статьи по темам.

Йес ма метæй гæппæлтæ,
Уадусмæ сæ æхснуй.
Малиты Геуæрги "Дзиддзил"
* * *
Метин уазали сабуйради
цæун гъунгти дæу агор,
цума рæстзæрдæ æстуйради
æма адзали къæбæргор.
Тетцойти Таймураз
* * *
Гъæунгти фæццæун.
Адæми цæстити мет мæбæл уаруй.
Гибизти Оскар
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
#рс_дигоронау
Уадусмæ сæ æхснуй.
Малиты Геуæрги "Дзиддзил"
* * *
Метин уазали сабуйради
цæун гъунгти дæу агор,
цума рæстзæрдæ æстуйради
æма адзали къæбæргор.
Тетцойти Таймураз
* * *
Гъæунгти фæццæун.
Адæми цæстити мет мæбæл уаруй.
Гибизти Оскар
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
#рс_дигоронау
Стъалутæ, жингау,
Арви — цæхæрæй,
Мæйæ шин — фиййау,
Цæфсунцæ минæй.
Гурджибети Блашка
"Æхсæвæ"
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
#рс_дигоронау
Арви — цæхæрæй,
Мæйæ шин — фиййау,
Цæфсунцæ минæй.
Гурджибети Блашка
"Æхсæвæ"
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
#рс_дигоронау
Фæззинуй æрвгæрони цæхæртæ,
Соруй цади еу уолæн инней.
Æййевунцæ сæумитæ, изæртæ
Æмхузон еци тар кæрæдзей.
Æй рагуалдзæг, къæвда æнæвгъауæй,
Мухцурæй къибилатæй кæлуй.
Кедæр реуи кæд уарзт æригъал єй
’Ма сæударау фæсмонæй кæуй.
Колити Виталий
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
#рс_дигоронау
Соруй цади еу уолæн инней.
Æййевунцæ сæумитæ, изæртæ
Æмхузон еци тар кæрæдзей.
Æй рагуалдзæг, къæвда æнæвгъауæй,
Мухцурæй къибилатæй кæлуй.
Кедæр реуи кæд уарзт æригъал єй
’Ма сæударау фæсмонæй кæуй.
Колити Виталий
#рухс_ссудз
#рс_поэзи
#рс_дигоронау
КИЗГИ САГЪÆСТÆ
Хæдзар, хæдзар фæккæнон,
Къæсæр кæнун нæ зудтон,
Фулдæр, фулдæр ке уарзтон,
Уой зæрдæ дæр нæ зудтон.
Нур ба ин æй базудтон,
Ме рух имæ рахаттон.
Уарзон, уарзон фæккодтон,
’Нæуарзонмæ фæцæууон
Лæхъун-лæгмæ фæббæллон,
Зæронд лæгмæ фæццæуон
Мæхе зæрдæ — тæразæбæл,
Мæ уарзони зæрдæ — къæразæбæл.
* Радзырдта йæ Перисаты Самилхан; Ныффыста йæ Хъæдохты Валентинæ, 1967 аз, 20 декабрь.
Салæгаты Зояйы æмбырдæй