рухс_ссудз
2.67K subscribers
461 photos
92 videos
24 files
171 links
обратная связь - https://t.iss.one/ruxs_ssudzBot
Download Telegram
АРФÆЙЫ НЫХÆСТÆ:

• Адæмы фыццаг у.
• Æмгæртты хорзæх дæ уæд.
• Дæ цардамонд домбай уæд.
• Хорз хабæрттæ дæм хъуысæнт.
• Адæмæн уарзон у.
• Дæ зæрдæ рыст макуы фенæд.
• Дзæбæхæй фæцæр.

#рухс_ссудз
#рс_адамон
УАРЗОНЫ ЗАРÆГ

Мæ дунейы рухс, нанайы хъал фырт, гъей,
Ме ‘нæмаст цард кæдæм фæхастай, гъей!
Дæ аив сурæт æппыныдзухæй, гъей,
Мæ цæстыты раз хурау хъазы, гъей.

Ныббар мын ме’ ргом ныхас гъей,
Фæлæ мын æнæ дæу ыстыр зын хæссы, гъей.
Мæхи дæ дардмæ бæргæ фæласын, гъей,
Фæлæ дæ сурæт мæ разæй цæуы, гъей.

Ныббар мын зынаргъ, ныббар, фæлæ, гъей,
Дæу тыххæй мæхи нæ амардзынæн, гъей.

* Радзырдта йæ Дзугкойты Дуня, 44-аздзыд. Ныффыста йæ Саулохты
Розæ, 30 декабрь, 1971 аз, Михайловскы хъæу,
Цæгат Ирыстоны паддзахадон кафедрæйы архив, 1971 аз, № 15.
#рухс_ссудз
#рс_адамон
КИЗГИ САГЪÆСТÆ

Хæдзар, хæдзар фæккæнон,
Къæсæр кæнун нæ зудтон,
Фулдæр, фулдæр ке уарзтон,
Уой зæрдæ дæр нæ зудтон.
Нур ба ин æй базудтон,
Ме рух имæ рахаттон.

Уарзон, уарзон фæккодтон,
’Нæуарзонмæ фæцæууон
Лæхъун-лæгмæ фæббæллон,
Зæронд лæгмæ фæццæуон
Мæхе зæрдæ — тæразæбæл,
Мæ уарзони зæрдæ — къæразæбæл.

* Радзырдта йæ Перисаты Самилхан; Ныффыста йæ Хъæдохты Валентинæ, 1967 аз, 20 декабрь.
Салæгаты Зояйы æмбырдæй
#рухс_ссудз
#рс_адамон
#рс_дигоронау
ИРОН ÆМБИСОНД

Æмзæрдæйы куыст - æнтысаг.
#рухс_ссудз
#рс_адамон
РАГОН ЦУАНОН
(адæмон зарæг)

Рагон цуанон буррихи,
Кафар, цæйтæ, ныззарæм.
Нæ царды хабар — уалдзæгæй фæззæгмæ,
Не смудын — фæздæгмæ.
Бæрзондыл зилын,
Къæдзæхтыл хилын,
Чи зоны, мæ хуызæн сырдтæн сæ хизæн,
Се ’хсæвы бадæн,
Се стырты марын.
Фестын æхсæвæй,
Акусын рæхсæнæй,
Хызыны — хæринаг.
Мæ къухы — хъримаг.
Худ авæрын дурыл.
Ныхъхъавын æнцойæ.
Æфсатийы лæварæн —
Дзæбидыртæй бар:
Рахауы хохæй
Коммæ уæлгоммæ.
Дзæбидыры цæхджынæй
Уазджыты хынцын,
Сабиты хæссын.

Радзырдтой йæ Дзанайаты Кафар æмæ Дзапарты Къоста. Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ Дарчиты Дауыт.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №21, папкæ 11, ф. 110.
#рухс_ссудз
#рс_адамон
ХУАРИ ЗАР

О, хуар, хуар,
Ци хуарз дæ!
Адæми еумæ
ка бæттуй.
Адæмæн игъæлдзæг цард
ка дæттуй,
еци рæсугъд хуар.
О, хуар, хуар,
Игъæлдзæгæй нæбæл цæуай
Алли анз дæр,
О, рæсугъд хуар.

Радзырдта йæ Перисаты Солæман, Дзинагъа. Ныффыстой йæ Цæголты Н.Б., Кочиты 3., Гетойты Э.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрvйы архив.
#рухс_ссудз
#рс_адамон
#рс_дигорон
УСТОЙЧИВЫЕ ВЫРАЖЕНИЯ СО СЛОВОМ ФÆНДАГ:

уæлахизы фæндæгтæй цæуын - идти стезями побед;
царды фæндаг – жизненный путь;
раст фæндагыл саразын – обратить на путь истины;
фæндæгтæ сæмбæлдысты – дороги скрестились;
зонгæ фæндагыл цæуын – идти по проторённой дороге.

Источник: "Лексиографическая репрезентация концепта фæндаг" Гацалова Л.Б., Парсиева Л.К.
#рухс_ссудз
#рс_адамон
БÆГÆНЫ ÆНТАУДЖЫТЫ ЗАРÆГ

Нарты нæртон æфсин Сатанайы
Къухæй æфтыд фæу!
Дæ кад Сидæмоны кадæн фæуæд!
Де ’хсар — Æлгъуызы æхсарæн фæуæд,
Дæ бæркад — Хъусæгоны бæркадæн!
Кæй тыххæй дæ рауагътой,
Уымæ сыгъдæгæй фæхæццæ у.
Мæ къах æмæ дын мæ къух хорз фæуæнт!
Чи дæ баназа, уыдонæн сойау батай!
Мæн та дæ кадæй хай уæд!

ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 126, папкæ 131, ф. 13.
#рухс_ссудз
#рс_адамон
ИРОН ÆМБИСОНД:

Фӕндаг бӕндӕн нӕу, тухӕн ын нӕй.
/ дорога не веревка, смотать ее нельзя
#рухс_ссудз
#рс_адамон
СТАМБУЛДЗАУТЫ ЗАРÆГ

Стамбулмæ цæудзыстæм,
Гуд-гуды-гудала.
Урс дзул дзы хæрдзыстæм,
Гуд-гуды-гудала.
Дари хæлæфтæ кæндзыстæм,
Гуд-гуды-гудала,
Дари хæдæттæ кæндзыстæм,
Гуд-гуды-гудала.
Паса-мæйтæ кæндзыстæм,
Гуд-гуды-гудала.
Адджын цай цымдзыстæм,
Гуд-гуды-гудала.
Сырх мæнæу дзы хæрдзыстæм,
Гуд-гуды-гудала.
Муссæйы хъæбул амæла,
Гуд-гулы-гудала.
Дæлæты цом, уæлæты,
Гуд-гулы-гудала.

Радзырдта йæ Гусаты Хатъо.
Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ Дарчиты Дауыт.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкæ 71, ф. 116.
#рухс_ссудз
#рс_адамон
Ирон адæмон зарæг:
НÆРТОН ФЫСЫМ

Ой, нæ буц фысым, Сатана!
Ой, хъæздыг царды Сатана!
Ой, дæумæ, дам, куы зарæм,
Ой, дæумæ, не ’фсин, Сатана!
Ой, кæд сойджын у дæ къæбиц,
Ой, бæркадджын та — дæ къухтæ!
Ой, рахæсс-ма нын сау бæгæны,
Ой, сау бæгæны ’мæ бур физонæг!
Ой, сау бæгæны сæрсæргæнгæ,
Ой, бур физонæг цъыс-цъысгæнгæ!
Ой, нæ буц æфсин, Сатана,
Ой, хъæздыг царды Сатана!
Ой, рахæсс-ма нын, уæлибыхтæ,
Ой, цæрвджын æмæ дзаджджынæй!
Ой, рахæсс-ма нын карз арахъхъ!
Ой, рахæсс-ма нын, уæдæ, рахæсс,
Ой, дæ цыхтытæн сæ бинаг,
Ой, нæртон æфсин, Сатана!
Ой, хъæздыг царды Сатана!

Радзырдта йæ Мамиты Димитр, Сталинир, 1938 аз, 10 май. Ныффыста йæ Плиты Харитон.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71, ф.36.
#рухс_ссудз
#рс_адамон
В этой народной песне довольно точная передача смысла понятия «бæркад - изобилие» в осетинском мировоззрении.

Этот текст содержит конкретные указания на предпочитаемые и основные блюда осетинского стола:
- сау бæгæны - темное пиво;
- бур физонæг - желтый (скорее в значении «поджаристый, коричневый») шашлык;
- цæрвджын æмæ дзаджджын уæлибæхтæ - жирные (имеется в виду обильно смазанные топленным маслом) и сочные (имеется в виду с обильной начинкой) пироги с сыром;
- карз арахъхъ - крепкая арака;
- цыхтытæн сæ бинаг - из сыров нижний, т.е. тот, кто больше постоял, более соленый, возможно.

Далее примечательны эпитеты:
- сойджын - жирный, но, внимание, этот эпитет относится к «къæбиц» - кладовая; т.е. «сойджын» имеет здесь значение «изобильный» (вспомните другую народную песню «Сойы зарæг» - она об изобилии»);

- бæркадджын - изобильный, этот эпитет относится к «къухтæ»; традиционные пожелания хозяйке дома связаны с руками, ибо женские руки создают все, что на столе, кроме, возможно мяса; н-р: «дæ къухтæ фæрнæй фæдар» - держи свои руки благодатными.

Текст этой песни прекрасно иллюстрирует новая карточка из рубрики #bastdzinad. Рубрика создается совместно с проектом HGHLNDR.

Визуальный код: изобильный (но при этом аскетичный) стол, графическое обозначение мужчин, которые возносят молитвы (кувынц). ⬇️
#рухс_ссудз
#рс_адамон
#рс_анализ