рухс_ссудз
2.5K subscribers
418 photos
87 videos
22 files
165 links
обратная связь - https://t.iss.one/ruxs_ssudzBot
Download Telegram
О, УЫЦЫ ДЫУУÆ
САУ ЦÆСТЫ

О, уыцы дыууæ сау цæсты,
Мæ тæригъæдæй бастъæлат!
Цæмæн бахаудтæн у’ ахæсты,
Цæмæн базыдтон уарзты ад?

Уæ иу фæкастæй атайын,
Хуссары митау, хуссары.
Бæргæ уæ рохыл архайын,
Фæлæ уыйбæрц тых чи ссары!

Мидбылхудгæ мыл атыхсут
Хъызт зымæджы дæр уалдзæгау.
Зæрдæйы фатау аныхсут
Æмæ фæвæййын уадзыгау.

Мауал мæм кæсут, ма кæнут,
Мауал мæ судзут алы бон!
Фæлтау мæ иу сыгъд бакæнут
Æмæ уæ искуы фервæзон!

Дзугаты Георги
💡 Рухсадон проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Знаю не есть говорю. Язык жив, когда на нем говорят, когда он звучит и используется в ежедневной коммуникации.

Много ученых знает древние языки, но эти языка памятники, их не используют в речи. Врачи знают латинский, но используют его ограниченно.

По-настоящему знать язык - это когда мои губы, зубы, язык и голос произносят слова и создается разговор.

По-настоящему знать язык - это сказать на нем «Я люблю тебя», «Я еду к тебе», «Что тебе купить?», «Поздравляю тебя» и т.д.

Дзурут!
Рацæуон комкоммæ эфирмæ æмæ исты æмдзæвгæ равзарæм?
Æмæ уæд цавæр кæнæ кæй æмдзæвгæ равзарæм?
Æркæскут ацы хэштегмæ #рс_поэзи

Иу 30-50 адæймаджы куы сæвæрой лайк, уæд рахиздзынæн🚀
Друзья, канал #рухс_ссудз вообще не новостной агрегат и даже не афиша культурных мероприятий.

Я веду его лично и мне кажется чувствуется, что за каналом рука настоящего человека.

Вы присылаете мне просьбы что-то опубликовать, меж тем, я ни разу не видела, чтобы вы как-то участвовали в жизни этого проекта. Продвигали на своих площадках, писали мне, что читаете его и пр. Я веду этот проект одна пока что. И каждый комментарий, репост, лайк поддержка для меня.

А вы хотите просто воспользоваться тем вниманием и интересом читателей, который сформировался благодаря публикуемому и создаваемому контенту здесь.

Я не против. Но у канала есть свой стиль, свой голос и мнение. С этим нужно считаться. И раз такое дело, то нужно формировать знакомство. Проявлять себя как-то. Как минимум, пригласить хотя бы автора на мероприятие. Элементарная вежливость и хороший тон.

Все, что здесь публикуется проходит через мой опыт. Если я не знаю что это, о чем это, как это, я своим читателям не могу это выдать. И еще раз скажу, я не новости и не афиша. Может в дальнейшем афишу культурных мероприятий сделаем как рубрику.
Я написала про потребление, а мне опять написали в личку с вопросом, а когда я предложила посмотреть эфир по этой теме, то написали, что ожидали от меня письменного ответа по вопросу.

Знаете, у меня не чувство вредности. У меня чувство диссонанса! Абсолютное! С каких пор стало нормальным заходить к человеку который вещает что-то людям и просто задавать какие-то вопросы?

То есть, у меня вообще другое представление о коммуникации. Типичное, осетинское. Когда просьбы и обращения заворачивают в вежливые формулы, в благодарность, в ощущение, что может быть я мешаю, а есть ли возможность помочь мне вот в таком вопросе…

Бахатыр кæн. Кæд гæнæн ис, уæд бафæрсон. Фыццаджы, дын бузныг афтæ æмæ афтæ. Кæд гæнæн ис, уæд мын баххуысс кæн ацы хъуыддаджы...

Нет! Мы так упрощаем все! Где это благодродство, которое цитируют у себя многие в статусах и рилзах? Почему его нет в обращении к незнакомому человеку. Почему мы теряем умение общаться и коммуницировать уæзданæй? Почему кто-то думает, что медийный человек обязан?

Простите, но мне сложно понять это. И это идет вразрез с моими понятиями. Не сочетается.

Не замечали вы это упрощение общения?
Запишу голосом про формулы ⬇️
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
ВЕЖЛИВЫЕ СЛОВА НА ОСЕТИНСКОМ ЯЗЫКЕ:

Дæ хорзæхæй - будь добр;

Кæд гæнæн ис - если есть возможность;

Кæд дын зын нæу - если тебе не трудно;

Гæнæн ис бафæрсын? - можно спросить;

Кæд дæ нæ тыхсын кæнын, уæд - если не мешаю, тогда/ то;

Мæ ныхас дæм хъыг ма фæкæсæд - пусть мое слово тебя не обидит;

Кæд дын уайы, уæд - если у тебя получается тогда/то;

ДЛЯ ВЫРАЖЕНИЯ БЛАГОДАРНОСТИ:

Зæрдиагæй дын бузныг зæгъын! - от души говорю спасибо;

Зæрдиагæй дын арфæ кæнын - от души благодарю;

Мæ къух мын фæрæуæг кодтай æмæ дын бузныг зæгъын/ арфæ кæнын - облегчил мне руку и от души благодарю;

Хуыцау дын раарфæ кæнæд - пусть бог благословит тебя

💡 Рухсадон проект #рухс_ссудз
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Знаете ли Вы что Покровитель мужчин отвечает и за коммуникацию? Есть отдельный кувæндон и куывд Ныхасы Уастырджи.

Райсом уын æй æрбарвитдзынæн, кæд хъæуы, уæд ☀️ Хъæуы, нæ?
Ныхасы Уастырджийы куывд

– Стыр Хуыцау, хорз арфæ ракæн.
Бирæ хорздзинæдтæ Дæм ис, æмæ дзы адæм хайджын куыд уой,
Уыцы хорзæх ракæн.
– Оммен, Хуыцау!
– Стыр Хуыцау, дзуæртты æмæ Дауджыты дæр Ды сфæлдыстай,
Кувæндæттæ дæр сын Дæ амындæй равзæрд æмæ Дын табу уæд.
– Оммен, Хуыцау!

– Стыр Хуыцау, мæнæ абон Де сфæлдыст дзуæрттæй
Ныхасы Уастырджимæ кувæм æмæ нæ йæ хорзæх уæд!
– Оммен, Хуыцау!

– Ныхасы Уастырджи, Уæлладжыры фидар къæсæрыл бадыс,
Фыдæй фыртмæ дæм нæ адæм куывтой.
Лæгъстæ дын кодтой æмæ,
Нæ фыдæлтæн цы арфæтæ ракодтай,
Уыдон махæн дæр дæ цæст бауарзæд.
– Оммен, Хуыцау!

– О Ныхасы Уастырджи, дæ бынты адæм Хохæй быдырмæ, быдырæй хохмæ тыннывæндæгау кæнынц
Æмæ сæ хæдзæрттыл дзагармæй, æнæфыдбылызæй куыд æмбæлой,
Уыцы хорзæх сын ракæн.
– Оммен, Хуыцау!

– О Ныхасы Уастырджи, хæхбæстæй быдыры, быдырæй хæхбæсты æхсæн арæн дæ,
Æмæ бæлццæттæ æнæмаст, зæрдæрухсæй цы хизой дæ рæзты,
Хæхтæ æмæ быдыры фарнæй хайджын цы уой,
Уыцы хорзæх сын дæ цæст бауарзæд.
– Оммен, Хуыцау!

– О Ныхасы Уастырджи, нæ кæстæрты ныхасы сæр кæм бахъæуа,
Уым ныхасхъом куыд уой,
Сæ ныхасы фары куыд уа,
Сæ ныхасæн хицау куыд уой,
Ныхас зæрдæйы дæгъæл у æмæ сæ ныхас зæрдæйыл куыд æмбæла, ардаразæг куыд уа, фарнтауæг,
Уыцы хорзæх сын ракæн.
– Оммен, Хуыцау!
– О Ныхасы Уастырджи, дæ бынты цы адæм цæуы, уыдонæн хæрзгæнæг у.
– Оммен, Хуыцау!

💡
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Вчера был потрясающий концерт хора национальной песни под управлением Ольги Джанаевой.

Сæ зард нæ æцæгдæр Иры хæхтæм ахаста, дзуæрттæ æмæ дауджыты тынгдæр кæм æнкъарыс уыцы бæрзæндтæм. Æмæ зæрдиагæй арфæ кæнын зарæггæнджытæн стæй сæ разамонæг Ольгæйæн. Уæлдай бузныг ын зæгъын, иронау кæй загъта цы дзырдта сценæйæ, уыдон.

Ирон зард тынг тыхджын у. Чи йæ фехъуыста, уый йæ зоны. Алцыдæр ис фехъуысæн ирон зарæджы: ирон уд, ирон хъуыды, ирон дзырд.

И был один удивительный по силе влияния момент: весь зал одним единым духом встал, когда на сцене один из старших участников хора взял чашу в руки и стал произносить куывд. Хистæр кувы - сыстын хъæуы, уый алчидæр зоны. Абон дæр-ма уыцы зонындзинад фидар у Ирыстоны.

Это понятный всем визуальный культурный код, на который единодушно отвечает народ принятым в рамках культуры действием.

Цалынмæ уыдæттæ зонæм æмæ кæнæм, уæдмæ уыдзыстæм фидар. Хуыцауы фæндæй.

Фидар ут! ☀️