рухс_ссудз
2.5K subscribers
418 photos
87 videos
22 files
165 links
обратная связь - https://t.iss.one/ruxs_ssudzBot
Download Telegram
Æртахти булæмæргъ мæ бæстæм
Æмæ йæ фæндырæй æрцагъта.
Сæрибар уалдзыгон ныхæстæй
Мæ зæрдæ цинæй арт ысуагъта.

Ныр сатæг уадымсы фæйлауæн
Мæ былтæм хи æнгом нылвасы...
Салам нæ уалдзыгон æгъдауæн!
Æз ын йæ тæмæн бирæ уарзын;

Цъæх гауыз раппæрста нæ фæзтæм
Æмæ йыл дидинджытæ 'рсагъта.
Сæрибар уалдзыгон ныхæстæй
Мæ зæрдæ цины арт ысуагъта.

Калоты Хазби
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Уарзондзинад лæгъстæтæ, цæстысыгтæй нæу.
Зæды цур дæр дæ зонгуытыл макуы æрлæуу.
Дар-иу дервишау алкæм дæхи ды сæрибар,
Æмæ, чи зоны, бауарзой уый фæстæ дæу.

Омар Хайам
Дзасохты Музаферы тæлмац
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
ЗÆРДÆЙЫ ЦÆРÆГ

Æз хохмæ систон дæу къуылдымæй —
Хъыгæн дæр, цинæн дæр æгæр дæ...
Куы дæ фæрсой, кæм цæрыс, уымæй,
Уæд сын-иу бацамон мæ зæрдæ.

Дзасохты Музафер
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Баргъæвст зæрдæ, басыд дурыл,
Уæ, кæм дæ ды, тавгæ хур?!
Бамбæхст мигъы, нал и къулыл.
Уазал дары зæрдæ дур.

Токаты Алихан

Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Дæ райсом хорз, мæ Ир, зæрдæрайгæйæ фезмæл —
Сæуæхсиды рардыл æнæзивæгæй фембæл!

«Хохаг ныв»
Годжыциан-Челдыты Надя

Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Æз нал дæн сагъæстæй уырыд,
Дæ цуры нал мысын æрвонты,
Мах иумæ — кард æмæ кæрддзæм,
Зæххыл кæмæн байгом дæ зæрдæ,
Уый цинтæй ихыл дæр цæрдзæн.
Куы хæссой мæн уæлæрвтæм зæдтæ,
Уæддæр ма кувдзынæн дæуæн.

Джыккайты Шамил
"Номарæн" (телестих)

Рухсадон проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Ды дæ митæй рæсугъд дæ,
Ноджы ма уындæй хайджын дæ.
Дæ зондæй æмæ де 'гъдауæй
Ды мæ цæсты кадджын дæ.

Мамсыраты Темырболат
"Кæмæдæр”
Рухсадон проект/ просветительский проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Уыцы сау цæстыты каст
Сусæг фатæй мæн рæхуыста.
Уыцы бон æрцыдтæн баст
Æз æнæуынгæ рæхыстæй.

Цæрукъаты Алыксандр
Рухсадон проект/ просветителький проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
О, УЫЦЫ ДЫУУÆ
САУ ЦÆСТЫ

О, уыцы дыууæ сау цæсты,
Мæ тæригъæдæй бастъæлат!
Цæмæн бахаудтæн у’ ахæсты,
Цæмæн базыдтон уарзты ад?

Уæ иу фæкастæй атайын,
Хуссары митау, хуссары.
Бæргæ уæ рохыл архайын,
Фæлæ уыйбæрц тых чи ссары!

Мидбылхудгæ мыл атыхсут
Хъызт зымæджы дæр уалдзæгау.
Зæрдæйы фатау аныхсут
Æмæ фæвæййын уадзыгау.

Мауал мæм кæсут, ма кæнут,
Мауал мæ судзут алы бон!
Фæлтау мæ иу сыгъд бакæнут
Æмæ уæ искуы фервæзон!

Дзугаты Георги
💡 Рухсадон проект #рухс_ссудз
#рс_поэзи
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Æмæ уæд цавæр кæнæ кæй æмдзæвгæ равзарæм?
Æркæскут ацы хэштегмæ #рс_поэзи

Иу 30-50 адæймаджы куы сæвæрой лайк, уæд рахиздзынæн🚀