Осетия - [æ]
30.3K subscribers
17.1K photos
7.58K videos
123 files
15.1K links
Первый информационный агрегатор Осетии.

Обратная связь @ossetia_mail

https://knd.gov.ru/license?id=6737632e772bb113f528ec1c&registryType=bloggersPermission
Download Telegram
Forwarded from IRON ARGHAW
— Габо, Уӕрӕсейӕ куы ссыдтӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕ сыгъдӕг иронау дзургӕ никуы федтон... Цӕй тагъд дӕ ферох ирон ӕвзаг, дыууӕ азы йеддӕмӕ Уӕрӕсейы куынӕ фӕдӕ?
— Не понимайт... Моя чаловик ученай... Моя твоя шалтай- балтай осатинцкий не лубит!..
#коцойтыарсен
Forwarded from IRON ARGHAW
РАГӔЙ ДӔР ИУХУЫЗОН УЫДЫСТЫ.
— Хуыцауыстӕн, Тембол, нал дӕ базыдтаин — иронхуызӕй дӕм ницыуал ис!
— Ӕз дӕр дӕ нал базыдтаин, Хуыцауыстӕн, Саукуыдз — къаролы хуызӕн сдӕ! Кӕм ӕрбынат кодтай?
— Африкӕйы, Трансвалы... Зӕххытӕ дзы балхӕдтон, хӕдзар дзы самадтон.
— Уӕдӕ ды дӕр мӕнау фыдыбӕстӕ ферох кодтай... Ӕз та Америкӕйы ӕрбынат кодтон...
— Фыдыбӕстӕ нӕ зӕгъыс? Дӕ гуыбын хуыздӕр кӕм дзаг кӕнай, уый дын фыдыбӕстӕ...
— Раст зӕгъыс уымӕй.. Мӕнӕн дӕр ахӕм зӕрдӕйы конд ис.
Рагӕй дӕр иухуызон уыдыстӕм.
Карикатурист Коцойты Арсен.
#коцойтыарсен
Forwarded from IRON ARGHAW
Мӕ хӕлар, чысайнаг, Христос воскресенӕ!
— Икнеба мын куадзӕны арфӕтӕ кӕныс? Чырысти дзы бамбӕрстон, фӕлӕ а «воскресенӕ» цы у, ме ар уици. Зӕгъ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ: «Чырысти агъдга», ӕмӕ йӕ бамбарон!
— Чорт знаит, цы дзуры! «Агъдга» та цы у, пъоздравлиат скӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ, ай та цыдӕртӕ дзуры, чорт знаит, кӕцонау
. — Иугай ныхӕстӕ нӕм фӕвӕййы гуырдзиагау, уый къи у, фӕлӕ сымах, рогорц уырыс, афтӕ дзурут...
#коцойтыарсен
Forwarded from IRON ARGHAW
—Чысыл мыл хъуынтӕ куы рахӕцыди, уӕд бакаис кодтон... Ныр мӕ бирӕ нал хъӕуы: Хуыцауы фӕндӕй дыууӕ-ӕртӕ азы фӕстӕ ирӕд фыст фӕуыдзынӕн ӕмӕ уӕд мӕ бинойнаджы ӕрхӕсдзынӕн.
Карикатурист Коцойты Арсен
#коцойтыарсен
Forwarded from IRON ARGHAW
— Диссагӕй та цынӕ фехъусдзынӕ!.. Уӕртӕ уыцы даргъӕвзаг афтӕ зӕгъы, ӕз, дам, мӕ усӕн мӕй иу над йеддӕмӕ нӕ кӕнын!..
— Уӕдӕ!.. Фӕвӕййы ахӕм ӕдылытӕ... Усӕн бон дыууӕ нады хъӕуы — иу над, райсомӕй куы сыста, уӕд, иннӕ та, изӕрӕй куы хуысса, уӕд. Хаттӕй-хатт ма ӕмбисбон анӕмын дӕр ницы хъыгдары!..

Карикатурист Коцойты Арсен
#коцойтыарсен
Forwarded from IRON ARGHAW
—Мӕ хӕлар, чысайнаг, Христос воскресенӕ!
— Икнеба мын куадзӕны арфӕтӕ кӕныс? Чырысти дзы бамбӕрстон, фӕлӕ а «воскресенӕ» цы у, ме ар уици. Зӕгъ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ: «Чырысти агъдга», ӕмӕ йӕ бамбарон!
— Чорт знаит, цы дзуры! «Агъдга» та цы у, пъоздравлиат скӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ, ай та цыдӕртӕ дзуры, чорт знаит, кӕцонау
— Иугай ныхӕстӕ нӕм фӕвӕййы гуырдзиагау, уый къи у, фӕлӕ сымах, рогорц уырыс, афтӕ дзурут...
Карикатурист Коцойты Арсен
#коцойтыарсен