Осетия - [æ]
30.5K subscribers
16.9K photos
7.54K videos
116 files
15K links
Первый информационный агрегатор Осетии.

Обратная связь @ossetia_mail

https://knd.gov.ru/license?id=6737632e772bb113f528ec1c&registryType=bloggersPermission
Download Telegram
#амырыкдзау — человек, уехавший в Америку на заработки.

Зæххы къорийы аллонты къах кæм не рлæууыд ахæм бынат æвæццæгæн нæй. Уæдæ ХХ æнусы дæр алыхуызон аххосæгтæм гæсгæ ирæттæ цыдысты Амырыкмæ.

Бæлвырд нæу, фæлæ историктæ æмæ ацы фарстайы иртасыны куыст чи кодта, уыдон зæгъынц: ХХ æнусы райдайæнæй 1930 азтæм Амырыкмæ Ирыстонæй алыгъдысты фондз минмæ хæстæг адæймаджы.

Цæмæн ныууагътой сæ райгуырæн бæстæ? Куыд арæзтой ног бæстæйы сæ цард? Æмæ фæстæмæ чи сыздæхт? Ацы æмæ æндæр фарстататыл дзурдзыстæм нæ абоны равдысты.