Мисурæт аракæс-бакæс кодта æмæ фæстæмæ баздæхт...
Казик æмæ Бурхъус хъæды бирæ фæцыдысты. Лæппу бафæллад æмæ бæласы бын æрбадт.
— Ды та цы æмбарыс? Мае фæдыл цы зилыс? Мæнæ уал ам ахуыссæм. Уыйфæстæ ацæудзыстæм нæхимæ сихор хæрынмæ.
Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ Казик
Бурхъусы сæр йæ хъæбысы бакодта æмæ бафынæй.
Бурхъусы фындзыл ауадис сырды тæф. Æваст ауыдта стайы.
Стай сабыргай бæласæй æрхылд. Йæ къæхты фæлмæн æлгътыл æрбазгъордта, æмæ ма йæ иу-дыууæ метры бæрц куы хъуыдис Казикмæ, уæд йæхи уыциу æхст фæкодта сывæллоныл. Бурхъус æй тæхгæ-тæхын ацахста. Тох сыл бацайдагъ. Стай ма архайдта куыдзæй йæхи фервæзыныл. Ныттыдта йæ даргъ даæмбытæй Бурхъусы сæр æмæ гуыбыны цъар. Йæ къахыл ын фæхæцыд, фæлæ йæ уæддæр куыдз нал суагъта, ныххурх æй кодта. Уыцы бонæй фæстæмæ Бурхъус цуанон куыдз сси.
#радзырд
#ХъуппетыМысост

👍8
Бибойæн кæд хъыг уыдис Асæбейы хивæнддзинад, уæддæр загъта:
— Асæбе ацæудзæн скъæрджыты хистæрæй. Сырдæн йæ фехсынæй йе ’рбаскъæрын зындæр у, æмæ æгайтма йæхи фæнды. Ацæут цыппарæй, мах æхсæз стæм æмæ рындзтæ бацахсдзыстæм. Сахат æмæ æрдæджы фæстæ скъæрын куыд райдайат, ууыл бацархайут.
Скъæрджытæ араст сты.
Фæззæг хъæдрæбынты диссаджы рæсугъд вæййы. Комы арфы, уазал къаддæр кæдæм хæццæ кæны, уым сыфтæртæ нырма цъæх-цъæхид дарынц, рæгътыл та — бур-бурид, ныридæгæн згъæлынц. Мыртгæ æмæ цъуйбæлæстæ хъæды хуыз халынц, кæрцыл фæсмын æмпъузæнтæ куы сæвæрай, уыйау.
Скъæрджытæ сахат æмæ æрдæджы фæстæ хъæр кæнын райдыдтой. Асæбе ныллæууыд се ’ппæты уæле, хъæр кæны æмæ залгъæды размæ лæгæрды. Егъау фæлдæхт тæрс бæласы размæ куы бахæццæ, уæд цавæрдæр уынæр йæ хъустыл ауад, фæлæ цы уыд, уый бæлвырд нæ бамбæрста. Бæласы сæрты бахызт æмæ „оп” „оп” зæгъгæ, куы ныхъхъæр кодта, уæд æм бæласы бындзæфхады бынæй арс уыциу гæпп ракодта.
Асæбе гæрахмæ нал сарæхст, фæлæ йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта. Йæхи фæсайынмæ хъавыд, фæлæ йæ арс йæ быны акодта. Асæбе кард фелвæста æмæ йæ арсы гуыбыныл кæрæй- кæронмæ раскъæрдта. Арсы хуылфыдзаумæттæ Асæбейыл æркалдысты, æмæ уæд йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта: „Амардтон æй! Рацæут тагъддæр!" Æппæты фыццаг æрхæццæ Бибо æмæ йæ арсы бынæй раласта. Уалынмæ иннæтæ дæр æрхæццæ сты.
Асæбе йæхицæй æппæлын райдыдта. Фæлæ арс куы акъæртт кодтой æмæ Бибо куы загъта, арсы буар цыппар цæфы уыд æмæ мæлгæ кодта, зæгъгæ, уæд ныхъхъус.
Уæддæр хабар хъæубæстыл айхъуыст: „Асæбе кардæй хъæбысхæсты арс амардта!"