Forwarded from ЧИНЫГДОН «БÆРЗÆФЦÆГ»
Байхъусут-ма, хорз адæм! 1965 аз
Ирон фысджыты уацмыстæ аив кæсынæн æмæ декламаци кæнынæн.

❤4
Forwarded from ЧИНЫГДОН «БÆРЗÆФЦÆГ»
НÆ УАРЗОН БÆСТÆ
Кочысаты М. Фыдыбæстæ (цыбыргондæй).
Цæрукъаты А. Æз Ленины федтон.
Цырыхаты М. Партийы кадæг (скъуыддзаг).
Чехойты С. Писмо Юрий Гагаринмæ.
Нигер. Терк.
Плиты X. О нæ рæсугъд Волгæ!
Дарчиты Д. Æз федтон.
Цæгæраты М. Нары зæхх.
Хетæгкаты Къ. Катай.
Хетæгкаты Къ. Æнæ хай.
Нигер. «Æмæ зарыд булæмаргъ нæ донбыл.
Хъайтыхъты Г. Бонтæ.
Мыртазон Б. Ирон.
Гаджиты Г. Коммунарты ингæн.
Хъодзаты Æ. Къухтæ.
ЦАРДЫ УЫЛÆНТЫ
Гæдиаты Ц. Дыууæ дидинæджы.
Хъайтыхъты Г. Æз хурмæ кæсын.
Мыртазон Б. Дырæнхъонтæ æмæ æртырæнхъонтæ.
Ходы К. Фæрстытæ.
Цырыхаты М. Зæрдæ.
Хъамбердиаты М. Чызгимæ ныхас.
Калоты X. Ма хъæрз, зæхх!
Ардасенты X. Нана.
Плиты Г. Æртхутæгдон.
Дарчиты Д. Фæлæ йын зындзинæдты басæттæн нæй.
Хъуылаты С. Музейы (скъуыддзаг).
Калоты X. Хорзæй баззай, Ир!
Дзасохты М. «Æнæбæрæгæй фесæфти уæ дарæг».
Джыккайты Ш. «Мах кодтам загъд...».
ÆЗ УАРЗТОН САУ ЦÆСТЫТÆ, УАРЗТОН...
Хетæгкаты Къ. Æй-джиди!
Хетæгкаты Къ. Хæрзбон.
Гæдиаты Ц. Æхсæрдзæн.
Æрнигон И. Цæй, мæ бæхыл.
Боциты Б. Цъæйы комы (скъуыддзаг).
Кочысаты М. Сау цæстытæ.
Хъамбердиаты М. Ныстуан Дзерассæмæ.
Гулуты А. Цъæйы-дон.
Дзесты К. Мадæй тыхджындæр (скъуыддзаг).
Калоты X. «Тымыгъ даргъ уынгты хæты...».
Малиты Г. Æлхуйнæ.
Джыккайты Ш. Быдыры чызг.
Малиты Г. Кизги зар.
Цæрукъаты А. Госæнагъуæ.
Малиты В. Балладæ хъæдгæсы чызгыл.
Тетцойты Т. Кауæ.
ФЫДÆЛТЫ ДУДЖЫ
Хетæгкаты Къ. Дзæбидырдзуаны (скъуыддзаг).
Хетæгкаты Къ. Сидзæргæс.
Гæдиаты С. Азау (скъуыддзаг).
Плиты Г. Чермены монолог (трагеди «Чермен-» æй скъуыддзаг).
Хетæгкаты Къ. Салдат.
Санаты У. Будзийы ард (таурæгъ «Бæтæйы фырттæ»-й скъуыддзаг).
Коцойты А. Цуанонтæ.
АУУОН
Хетæгкаты Къ. Халон æмæ рувас.
Гæдиаты Ц. Хæлуарæг æмæ мыдыбындз (аргъау).
Коцойты А. Гигойы куадзæн.
Хетæгкаты Къ. Æрра фыййау.
Æрнигон И. Челе.
Хетæгкаты Къ. Марходарæг.
Мамсыраты Д. Аууон.
Епхиты Т. Хуыйæндаг.
Дзесты К. Æнæкæрон таурæгъ.
Дзаболаты X. Булæмæргъ.
Мæрзойты С. Тъепа Тъепа у. (Повесть «Ирон хæсмæ тындзæн нæй», зæгъгæ, уымæй скъуыддзаг).
Сечъынаты Л. Дзыгъуыр карк. (Цыбыртæгондæй)
Молодец! (ирон хъæлдзæг ныхæстæй)
Дзаболаты X. Уæд æй куыннæ исынц йæ куыстæй?!
Сырдон хуыцауы куыд асайдта (Нарты кадджытæй).
Сырдон йæ тыны хæс куыд бафыста (Нарты кадджытæй).
Теуа йе ʼнæзондæй куыд фесæфт. (Адæмон аргъау)
Рувас æмæ уызын. (Адæмон аргъау)
Хур æмæ хæфс. (Адæмон аргъау)

❤6
Forwarded from Вячеслав Битаров
Цъæйы комы абон сбæрæг кæндзсты Рекомы бæрæгбон – ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу. Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр дзуары бынмæ сæхи æмæ сæ Райгуырæн зæхх бафæдзæхсынмæ бацæудзысты нæ республикæйы сæдæгай цæрæджы.
Сыгъдæгзæрдæйæ чи скува, уымæн йæ фæндтæ рæсугъдæй сæххæт уæнт!
Сотни жителей Северной Осетии сегодня вновь соберутся в Цейском ущелье на празднике в святилище Реком. Пусть молитвы, которые они вознесут о мире и благополучии нашей республики, будут услышаны!

🙏10❤7
Forwarded from Ирон Саби
ног ребустӕ! мӕхӕдӕг дӕр цӕ бирӕ уарзын😅
на этот раз сделала их в формате doc., чтобы вам было их легче распечатать❤️ прикреплю файл в комментариях😉
а пока, разгадывайте! Пишите ответы

👍4❤2
Forwarded from Осетия - [æ]
Фарн уӕм бадзурӕд, Ирыстоны адӕм, хистӕрӕй кӕстӕрмӕ!
Хуыцаубоны Ирон адӕм бӕрӕг кӕндзысты Хетӕджы къохы кувӕндоны бон, ӕмӕ зӕххы къорийыл, Ирон адӕм кӕмдӕриддӕр цӕрынц, уым сӕ рахиз хъус ныззарӕд, ӕмӕ сӕ Уастырджийы хорзӕх уӕд!
Хуыцауы уазӕг ут иууылдӕр! Хуыцаумӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ ис, ӕмӕ уӕ алчидӕр, Хуыцауы хорздзинæдтæй хайджын уӕд!
Алчидӕр уӕ йӕхи, йӕ бинонты, йӕ кӕстӕрты Уастырджийыл фӕдзӕхсдзӕнис, ӕмӕ Уастырджи Хетӕгӕн цы ’ххуыс бакодта, уыцы ’ххуыс уе ’ппӕтӕн дӕр куыд бакӕна, ахӕм амонд уӕ уӕд! Уастырджи Хуыцауы минӕвар у, ӕргом Дзуар у, амонддӕттӕг, фыдбылыз сафӕг, ӕмӕ амондӕй хайджын ут, фыдбылызӕй та хызт куыд уат, ахӕм амонд уын Уастырджи балӕвар кӕнӕд! Цы мысайнӕгтӕ сывӕрат, уыдӕттӕ Дзуарӕн барст уӕнт!
Уӕ бинонтӕ, хистӕрӕй кӕстӕрмӕ, рӕсугъд, ӕнӕ фыдбылыз фӕндӕгтыл цӕуӕнт! Уӕ ацыдӕй уе ’рбацыд амондджын дӕр куыд уа, ахӕм амонд уӕ уӕд!
Бирӕ Ирон адӕм кувдзысты, Хуыцау ӕмӕ Уастырджийӕ хорздзинад курдзысты сӕ бинонтӕн, ӕмӕ сӕм кӕй куывдытӕ хуыздӕр фӕхӕццӕ уой, кӕй куывдытӕ айсой, уыдоны ’мбал ӕгас Ирон адӕм дӕр фӕкӕнӕнт! Нӕ хистӕртӕ цардӕй бафсӕдӕнт! Нӕ кӕстӕртӕй йӕ амонд чи нӕма ссардта, уыдон сӕ тагъд рӕстӕджы сарӕнт, кӕмӕн ис, уыдон та кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ, кӕрӕдзийы ’мбаргӕйӕ фӕцӕрӕнт зӕронды бонтӕм! Бирӕ хорз цот цын Мады Майрæм балӕвар кæнæд!
Дуне сабыр уӕд! Нӕ кӕстӕртӕ тохы быдыры чи ис абон, уыдон ӕнӕфыдбылыз уӕнт ӕмӕ тагъд рӕстӕджы уӕлахизӕй, сӕрбӕрзондӕй сӕ хӕдзӕрттӕм куыд сыздӕхой, ахӕм арфӕ сын Хуыцау ӕмӕ Уастырджи ракӕнӕнт!
Ахуыр чи кӕны, уыдон стыр ахуыргӕндтӕ куыд суой! Кусгӕ чи кӕны, уыдон та сӕ куыстӕй райдзаст куыд уой, сӕ бинонты хӕсын куыд фӕразой, ахӕм амонд сӕ уӕд!
Ирон адӕм, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, Зӕнджиаты хистӕрты номӕй, нӕ мыггаджы ныхасы номӕй уӕм сидын!
Дзуары бынмӕ чи цӕуа, уыдон фыццаджыдӕр сӕ дарӕсмӕ ’ркӕсӕнт! Куыд ӕмбӕлы Дзуары бынмӕ цӕуын, ахӕм дарӕсы бацӕут! Спортивон дзаумӕтты ма бацӕут! Куыд ӕмбӕлы афтӕ ирд дарӕсы ӕмӕ худы! Сылгоймӕгтӕ сӕрбӕттӕнты ’нӕмӕнгӕй! Стӕй уӕд гом хъуыр, цыбырдыс ӕмӕ цыбыр къабаты мачи бацӕуӕд!
Уӕ кувинӕгтӕ бӕгӕныйӕ скувут, карз ностӕй нӕ фӕлӕ, ӕмӕ нын уӕд Хуыцау дӕр нӕ кувинӕгтӕн аргъ скӕндзӕнис!
Дзуары бын карз дзырд кӕнын не ’мбӕлы, ӕвзӕр ныхас дзурын не ’мбӕлы, ӕлгъитын не ’мбӕлы!
Дзуары бын уадзӕн ницы ис ӕмӕ-иу уӕ фӕстӕ бафснайут!
Уӕ кувинӕгтӕ та Дзуарӕн барст фӕуӕнт, ӕмӕ уе ’ппӕты дӕр Уастырджийы хорзӕх уӕд! (Зӕнджиаты Олег)

👍12❤1
Forwarded from Вячеслав Битаров
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ирыстоны цæрджытæ бæрæг кæнынц сæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Хетæджы Уастырджийы бон.
Цал æмæ цал адæймаджы та бацæудзæн йæ рухс фæндтимæ Тымбыл хъæды дзуары бынмæ. Сыгъдæгзæрдæйæ чи кува, уыдонæн Уастырджи сæ куывдтытæ айсæд! Ирыстоныл аудæд, фыдбылзæй йæ хизæд!
Хорз бæрæгбæттæ уыл кæнæд!
Жители Осетии празднуют один из главных национальных праздников – День святого покровителя Хетага!
Все мы будем возносить молитвы и просить покровительства у Уастырджи! Пусть он оберегает нашу родную землю и людей, живущих на ней!
Желаю вам мира и добра!

👍6❤1
ÆНКЪАРД МАЙМУЛИ.
— Маймули, уæ Маймули, цæмæн кæуыс? Исчи дæ афæзмыдта?
— Ничи...
— Исчи дæ мæстæй мардта?
— Ничи...
— Исчи дæ бафхæрдта?
— Ничи...
— Маймули, æххормаг дын у?
— Нæу...
— Дойны дын у?
— Нæу...
— Уæдæ цæмæн кæуыс, Маймули? — Мысын райгуырæн тар хъæды бæлæстæ... Стыр хур. Мæ хоты. Мæ дзæбæх ставддзæст, дынджырхъус хоты...
#аргъау
#ЧеджемтыГеор

Ирон литературæ XIX æмæ XX æнусы райдианы: Хрестомати. 2011 аз.
Сарæзтой йæ Хъантемыраты Р.С., Безаты Ф.Г., Къадзаты Л.А., Асаты Н.А., Бураты Б.К.
ÆГЪУЫЗАТЫ ИУАНЕ • КОЛЫТЫ АКСО • МАМСЫРАТЫ ТЕМЫРБОЛАТ • ХЪАНЫХЪУАТЫ ИНАЛ • ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТА • КЪУБАЛТЫ АЛЫКСАНДР • ГУРДЖИБЕТИ БЛАШКА • ГÆДИАТЫ СЕКЪА • ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ • ГУЛИТЫ ЕФИМ • ХÆНЫКЪАТЫ НИКЪА • ТЕМЫРХАНТЫ СОСЛАН • ГАГЛОЙТЫ РУТЕН • ДАТИТЫ ИСЛАМ • КОЦОЙТЫ ЛЕНÆ • ЦÆГОЛТЫ ГЕОРГИ • КОЧЫСАТЫ РОЗÆ • ХЪОРОТЫ ДАУЫТ • ТЛАТТЫ ХОХ • МАМЫТТЫ СТЕФАН • БАЙАТЫ ГАППО • ЦÆЛЫККАТЫ АХМÆТ • КОЦОЙТЫ АРСЕН • БРЫТЪИАТЫ ЕЛБЫЗДЫХЪО • ÆРНИГОН ИЛАС • ТОКАТЫ АЛИХАН

❤3
Forwarded from ЧИНЫГДОН «БÆРЗÆФЦÆГ»
Чиныджы редактор Джыккайты Шамилы разныхас:
Чиныг арæзт у Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты 1-æм æмæ 2-æм курсыты студенттæн. Сæ бон дзы пайда кæнын у университеты педагогон факультеты студенттӕн астӕуккаг скъолайы хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæн.
XIX æнусы æмæ XX æнусы райдианы ирон литературæйы истори дих кæны дыууæ этапыл:
1-аг этап – ХIХ-æм æнусы ирон литературæ (XVIII æнусы кæронæй 1905-æм азмæ).
2-аг этап – ирон литературæ ХХ-æм æнусы райдианы (1905–1917 азты).
Уыцы дихдзинад лæвæрд цæуы сæрмагонд программæйы. Хрестомати арæзт у программæмæ гæсгæ. Йæ бындуры æвæрд ис хронологон принцип.
Тексттæ æвæрд сты, программæ фысджыты цард æмæ сфæлдыстад цы фæткыл ахуыр кæнын домы, уыцы фæткыл. Уый фадат дæтты нæ литературæйы фæзынд æмæ райрæзт хуыздæр æмæ æппæтвæрсыгдæрæй равдисынæн, аккаг аргъ скæнын йæ жанрон бирæвæрсыгдзинадæн.
Студентты хибарæй куыст рапарахат кæныны тыххæй алы фыссæджы сфæлдыстадмæ дæр лæвæрд цæуы зонадон-критикон литературæйы номхыгъд. Хрестоматимæ хаст цæуынц, амынд рæстæджы фæлгæтты фыссын чи райдыдта æмæ фæстæдæр, ног цардарæзтады азты, йæ курдиат кæмæн райрæзт, ахæм иуæй-иу авторты уацмыстæ (Къубалты Алыксандр, Гæдиаты Цомахъ, Коцойты Арсен). Уый стыр ахъаз фæуыдзæн амынд фысджыты сфæлдыстадон процесс æххæстдæр æмæ бæстондæр раиртасынæн.
Фæстаг дæс азы дӕргъы нæ бæстæйы æрцыд зынгæ ивддзинæдтæ. Ралæууыд рацарæзты дуг, æргом дзурыны рæстæг. Æхсæнадон цард æмæ литературæмæ æрбаздæхтысты æнаххосæй хъодыгонд нæмттæ (Цæлыккаты Ахмæт, Байаты Гаппо). Æнусы арфæй разынд йæ рухс цæсгом Мамытты Стефанæн. Вазыгджын æмæ æнæмæнг хъæугæ у уыдоны сфæлдыстадимæ рæзгæ фæлтæры базонгæ кæнын, литературæйы историйы сын аккаг бынат ссарын. Чиныгаразджыты къухы бафтыд уыцы ахсджиаг хъуыддаг дæр.

❤2
Рекомы бæласы тæригъæд. Рекомы кæрты зайы урс бæрз бæлас. Тала ма куы уыд, уæд дзы иу бындурæй ссыд æртæ зæнджы. Адæм сæ банымадтой фæдзæхст зайæгойыл: сыф ратонын дæр сæ не 'мбæлд... Фæлæ нæ хъæуæй иу æнæхуыцау лæг йæхи фæрæвдз кодта, бацыд æмæ сæ фæрæтæй акалдта, фæссисмæ сæ баппæрста.
Цасдæр рæстæг рауад, æмæ дын лæг æрбарынчын. Йæ уæнгтæ риссын райдыдтой. Цыбыр ныхасæй, мæлыны къахыл ныллæууыд. Йæ низæн ын ничи ницы хос ардта. Уæдмæ йæ дыууæ къахы æмæ къух бахуыскъ сты.
Йæ амæлæты размæ йæ тæригъæд схъардта. Басаст, талатæ уый кæй алыг кодта, ууыл æмæ амард.
Зæрæдтæ афтæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, æртæ зæнджы куыд хус кодтой æмæ æмбыдысты, афтæ лæгæн дæр йæ адзал хæстæгæй-хæстæгдæр кодта.
#адӕмонсфӕлдыстад
#КасатыАслӕнбег

👍7❤4
Forwarded from Fӕstӕg Nyxas | Debaton Club
Байрайут! Хуыцаубоны 15:00 сахатыл Национ Чиныгдоны (Зал Каталогов) уыдзӕнис дискусси Хетагккӕты Къостайы поемы тыххӕй, кӕцыйы ном у "Фатимӕ" . Ӕрбахасут уемӕ уӕхи хъуыдытӕ ӕмӕ емоцитӕ😊🙌
__
Приветствуем! В Воскресенье в 15:00 в Национальной Библиотеке (Зал Каталогов) будет дискуссия по поводу поэмы Коста Хетагурова, под названием "Фатима". Принесите с собой ваши мысли и эмоции😊🙌