IrystonTV
9.44K subscribers
4.37K photos
17.7K videos
1 file
19.1K links
🤍Первое национальное ТВ
❤️Только проверенная информация
💛На русском и осетинском языках
💫Будь с нами!
🌐 iryston.tv
Download Telegram
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🇷🇺 Паддзахадон Думæйы депутаттæ сæ фæндон бахастой, цæмæй, 18 азы кæуыл нæма сæххæст, уыцы сывæллæттæн бар уа сæ ном ивынæн.

👨‍👩‍👧‍👦 Уыцы хъæппæрис баст у, ныййарджытæ сæ цотыл æнахуыр нæмттæ куы сæвæрынц, уæд сæ иннæ сывæллæттæ мæстæй кæй фæмарынц, уыимæ. Хорз у уыцы закъон, æви дзы ницы пайда ис?

🗣 Уый тыххæй сæ хъуыдытæ фехъусын кодтой Дзæуджыхъæуы 4-æм гимназы ахуыргæнæг Хуырымты Элинæ æмæ психолог Дауыраты Аланæ.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🌳 Фæстаг азты сарæх сты, хъæдтæ кæй ссудзынц, уыцы цаутæ. Уæлладжыргомы хъæдты зынгсирвæзт цæмæн æрцæуы?

🗣 Уый тыххæй нын радзырдта Хæххон паддзахадон аграрон университеты хъæдгуыстгæнæн æмæ хъæд хъахъхъæныны кафедрæйы доцент Бæзаты Анвар.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🟨 Ирыстоны цæрджытæ давæттæ бирæ уарзынц. Фæлæ зайæгой æнæвгъауæй тонынц æмæ йæ базарты голлаггай уæй кæнынц.

🗣 Цас раст у уый, æмæ куыд ис бахъахъхъæнæн, иннæ рæтты Сырх чиныгмæ хаст чи рцыд, уыцы зайæгой.

#Йæрæстæгыл нын дзуапп радта РЦИ-Аланийы фæдзæхст бынаты директоры хæдивæг Кучиты Алан.

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🗣 Цæболтæ æмæ Цæгæратæ хæстæгдзинад куыд баййæфтой, уый тыххæй нын рагон хабар #Йæрæстæгыл радзырдта Цæболты Эрик.

🗣 Мыггаджы минæвæрттæ нæ студийы дзырдтой сæ мæсыг саразыны мадзæлттыл.

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Нæ студийы уазджытæ, хореограф, ансамбль "Дети Гор"-ы аивадон разамонæг Козаты Станислав æмæ Хæуытаты Зитæ радзырдтой, къорды цы сабитæ архайынц, уыдоны сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Абоны æнтыстытæн та сæ бындур ивгъуыдыл æнцайы. Æмæ, зæгъæм, 30 азы сæрты фæстæмæ куы акæсæм, уæддæр-иу ансамбль йæхимæ æркæсын кодта.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🎶 Дзырдтам нырыккон ирон зарджыты мидисы тыххæй нæ уазджытимæ.

🎶 Нæ республикæйы хицауады администрацийы кусæг Бигъуылаты Людмилæ æмæ зындгонд зарæггæнæг Илаты Тимур æрхастой цалдæр дæнцæджы.

🎹 Сæ хъуыдымæ гæсгæ, раст цы зарджытæ нæ ныффыстой, ахæмтæ сты. Æхсызгон нын уыдзæн уæ хъуыдытæ базонын дæр.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
⭐️ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы бонмæ бирæ рæстæг нал ис.

🔥 Æмæ, куыд фæзæгъынц, хæст нæма фæци, фæстаг салдаты ном цалынмæ бæрæггонд не`рцыд, уæдмæ. Йæ бинойнаг, йæ хион æмæ къабаз кæмæн фесæфтысты, уыдон сын афæдзæй-афæдзмæ архайынц сæ фæд ссарыныл. "Бессмертный полк", "Посмотри в их лица" æмæ æндæр ахæм акцитæ уымæн ахъаз сты.

🗣 Ныр та ма хъуамæ кусын райдайа сæрмагонд сайт "Адæмон фронт"-ы хъæппæрисæй. Цы дзы уыдзæн равæрæн æмæ цы пайда фæуыдзæн, уый тыххæй нын радзырдта æхсæнадон организацийы регионалон хайады æххæстгæнæг комитеты сæрдар Гæлиты Клим.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн кад кæныныл æппынæдзух дзурæм.

🟡 Фæлæ хатт нæ фæзонæм, хъæбатыртæ цæмæй зындгонд уыдысты, уый дæр. Æмæ ма уый иу бæллæх. Иннæ та уый, æмæ сæ нæмттæ хæссæг уынгтæ зилинаг кæй вæййынц.

🎥 Бирæтæм бакæсгæйæ дзы зæрдæ бариссы. Не `мкусæг Хуыбылты Жаннæ араст Алагирмæ.

🗣 Æнхъæл нæ уыд, фæлæ сæ бынæттон цæрджытæ операторимæ куы федтой, уæд сæ алыварс æмбырд кæнын райдыдтой. Дзуринаг уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыртыл, ныхас та æнæнхъæлæджы æндæрырдæм расайдта.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🌳 Хъæуты цард фæхуыздæр кæныныл сæрмагонд программæтæ куыд ахадынц?

🗣 Уый нæ студийы уазджытимæ æвзæрстам Æрыдоны районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Хъесаты Сталбег æмæ Рахизфарсы районы администрацийы капиталон арæзтады хайады хицау Къæбойты Зауырбегимæ.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM