IrystonTV
10.2K subscribers
4.89K photos
20K videos
1 file
22.1K links
🤍Первое национальное ТВ
❤️Только проверенная информация
💛На русском и осетинском языках
💫Будь с нами!
🌐 iryston.tv
Download Telegram
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Нæ радон программæйы уазæг у туркаг адæмыхатты минæвар Феруза Абибова. Хъæлдзæг, куыстуарзаг æмæ цыргъзонд æрыгон сылгоймаг. «Дæ ныййарджытæ дæ, æвæццæгæн, дидинджыты ссардтой. Семæ иу æвзагыл дзурыс», - фæзæгъынц Ферузæйæн йæ зонгæтæ. Абибовты бинонтæ, æцæгæйдæр, фæлтæрæй фæлтæрмæ кæнынц дидинджыты куыст. Ферузæ æлхæнджытимæ фæдзуры иронау, стæй алы дидинджыты басты дæр бавæры йæ зæрдæ.

📺 Смотрите новый выпуск программы «Не ‘взаг – сæ хæзна» 2 мая в 19:30 на телеканале «Осетия-Ирыстон»!

#irystontv #Осетия #Алания #ОбществоОсетии #итв_общество #ОсетияИрыстон #Ossetia #Alania #анонс #НеВзагСæХæзна
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🤩Нæ абоны уазæгæн йæ фыдæлтæ сты Африкæйæ. Программæ #Невзагсæхæзна-мæ æрбакъахдзæф кодта, кæддæр адæмы райгуырæн чи ссис, уыцы континенты минæвар.

🥰Æвзонг чызг Рианæ Одиджие æнувыд у, йæ фыдыуæзæджы йын цы хæстæджытæ ис, уыдоныл. Фæлæ йæ мадæлон æвзагыл та æцæгæйдæр йæ мады æвзаг нымайы – ирон.

🌟Куыд дзæбæх ыл дзуры, уымæ бакæсынæн фадат дæттæм сымахæн дæр.

📆 31 январы
🕧 20:30
📺 iryston.tv

Подписывайтесь на irystonTV
🤍❤️💛
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
5👎1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
👨🏻‍🌾Æрыгон агроном Виталий Васильев райгуырд Свердловскы облæсты. Фæцардис дзы дзæвгар рæстæг.

Фæлæ йын йæ мады райгуырæн зæхх - Ирыстон - адджындæр у. Цæры ирон æгъдаумæ гæсгæ, у сæрыстыр, скифты æмæ сæрмæтты фæдонты æвзагыл кæй дзуры, уымæй.

Кæсут #Невзагсæхæзна-йы ног рауагъдмæ
📆 29-æм майы
🕣 18:20
📺 iryston.tv

Подписывайтесь на irystonTV
🤍❤️💛
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍103
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍164🤣1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
👨‍👩‍👧‍👦 Лехтеровты бинонты Елхоты уырыссæгтыл ничи нымайы. Хонгæ дæр сæ кæнынц иронау - Лехтертæ, зæгъгæ.

🟥 Ирон æвзагмæ уарзондзинад, æвæццæгæн, сæ туджы ис. Хæссынц æй фыдæй-фыртмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ.

Сæ бинонты хистæр Николай Лехтеров йæ рæстæджы уыдис нæ республикæйы раззагдæр механизатортæй иу. Ныртæккæ кусы Елхоты бирæхайадон колледжы. Йæ фырты фырт Димæ та уыцы колледжы ахуыр кæны ирвæзынгæнæгыл. У фæсивæдон Парламенты депутат.

⚜️ Уарзы нын не ‘взаг æмæ, йæхи загъдау, ирондзинад размæ хæссы.

Кæсут #Невзагсæхæзна-мæ
📆 18 июлы
🕣 21:20
📺 iryston.tv
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍43
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дыууæ райгуырæн бæстæйы нæ вæййы, фæлæ дыууæ мадæлон æвзагæн гæнæн ис. Ахæм хъуыдыйыл хæст у нæ равдысты архайæг, уырыссаг адæмыхатты минæвар Андрей Петраченко.

💫Уырыссаг æмæ йын ирон æвзаг æмхуызон зынаргъ сты. Андрей куыд зӕгъы, афтӕмӕй Ирыстон уарзы ирӕттӕй дыууӕ хатты фылдӕр. Йе 'нкъарӕнтӕ равдисы бæлвырд хъуыддæгтæй. Уӕхӕдӕг ын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут.

Кæсут #Невзагсæхæзна-йы ног рауагъдмæ
📆 25-æм сентябры
🕣 21:20
📺 iryston.tv
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍116👎1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🔷 Андрей Петраченко Мӕскуыйы каст фӕци Адӕмты хӕлардзинады уӕрӕсейаг университет. Райста дзы политолог ӕмӕ юристы дӕсныйӕдтӕ.

🟥 Фӕлӕ ма ахуырмӕ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультетмӕ дӕр. Уыцы къахдзӕфмӕ йӕ сразæнгард кодта йæ мады фыд, зындгод математик Плиты Арон.

#Невзагсæхæзна

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍5
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
⚜️Андрей Петраченкойы хуызæн кæстæртæ сты Ирыстоны ныфс æмæ фидæн. Ахуыргонд, хæрзæгъдау, дæрддыл хъуыдыгæнаг, фыдыбæстæ уарзаг...
💫Тагъд рӕстӕг Андрей ацӕудзӕн цымыдисаг зонадон экспедицимӕ. Сомихы аргъуанты ӕмӕ паддзахадон архивты иртасдзӕн Ирыстоны историйы æнæзонгæ цаутæ. Ацы уырыссаг лæппуйæн ирондзинад йæ туджы ис.

#Невзагсæхæзна

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍6
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дыууæ райгуырæн бæстæйы нæ вæййы, фæлæ дыууæ мадæлон æвзагæн гæнæн ис.

💬Ахæм хъуыдыйыл хæст у уырыссаг адӕмыхатты минӕвар Андрей Петраченко. Уырыссаг æмæ йын ирон æвзаг æмхуызон зынаргъ сты. Стӕй куыд зӕгъы, афтӕмӕй Ирыстон уарзы ирӕттӕй дыууӕ хатты фылдӕр...

#Невзагсæхæзна

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔥5
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🎼 Уырыссаг адæмыхатты минæвар Георгий Степанов у æрыгон фæндырдзæгъдæг, суинаг музыкант æмæ аивадиртасæг.

🪗 Йæ хуыздæр хæлар - ирон фæндыр - кæддæриддæр вæййы йемæ. Фæндыры зæлтæй йæ хъуыдытæ, йæ зæрдæйы `нкъарæнтæ `вдисын Георгий йæхицæн нымайы стыр амонд æмæ Хуыцауы лæварыл.

#Невзагсæхæзна

Кæсут
📆 6-æм ноябры
🕣 19:20
📺 iryston.tv
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
14🔥3👍2