IrystonTV
10.2K subscribers
4.89K photos
20K videos
1 file
22K links
🤍Первое национальное ТВ
❤️Только проверенная информация
💛На русском и осетинском языках
💫Будь с нами!
🌐 iryston.tv
Download Telegram
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🟨 Нæ республикæйы фæзынд æмæ кусын райдыдта Кады Националон чиныджы сайт "Слава Алании", зæгъгæ.

Йæ фæрстыл ын фенæн ис, нæ адæмæй намысджынæй чи фæцард, ном канд йæхицæн нæ, фæлæ йæ Фыдыбæстæйæн чи фæкодта, уыдоны хуызистытæ хъусынгæнинæгтимæ.

📚 Кады Националон чиныджы сайты тыххæй фылдæр базонынæн #Йæрæстæгыл фæдзырдтам йæ саразæг Елбайты Аслæнбеджы.

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍2
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
⭐️ Алагиры районы кусын райдыдта ног социалон проект "Живое наследие памяти: 80 лет Победе."

🟡 Йæ мидис уый мидæг ис, æмæ скъоладзау фæсивæд хъусынгæнинæгтæ æмбырд кæнынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты тыххæй, стæй та сæ адæмыл парахат кæндзысты.

🟡 Абоны онг уал сæрмагонд буклеттæ скодтой Советон Цæдисы хъæбатыр Хъараты Алыксандры тыххæй.

Сæхи къухтæй сарæзтой риуылдаргæ нысантæ!

Проекты автор, æхсæнадон архайæг Гагкайты Самантæ куыд зæгъы, афтæмæй сæ куыст цалдæр къæпхæнæй арæзт уыдзæн.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
7❤‍🔥2🥰1💘1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🗣 Æрдзы иу цæрæгой æмæ иу зайæгой дæр уæлдай не сты.

Алкæмæн дæр сæ йæхи хæстæ æмæ нысантæ ис.

🐾 Афтæ нын зоолог Дзуццаты Зауырбег #Йæрæстæгыл радзырдта, Америкæйы националон парк Йеллоустоны бирæгъты куы скуынæг кодтой, уæд уый цæмæ расайдта, уый тыххæй.

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
13
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🏞 "Танец с кинжалами" – ахæм номимæ фестиваль сараздзысты Дзæуджыхъæуы 17-æм июны.

Баст у зындгонд хореограф, балетмейстер Битарты Зауырбеджы мысынимæ. Сфæлдыстадон бæрæгбоны бацархайдзысты Цæгат Кавказы регионты кафджыты къордтæ.

💫 Нæ студийы уазджытæ, УФ-йы адæмон артист Козаты Зелимхан æмæ нæ республикæйы адæмон артист Битарты Алыксандр нын æппæт хабæрттæ дæр радзырдтой.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
4👍3
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
👨‍👩‍👧‍👦 Аивта, ныронг нæ бæстæйы цы закъон куыста бинонты ахицæн кæныны тыххæй, уый.

5 хатты фæфылдæр паддзахадон хъалоны бæрц. Куыд нæлгоймаг, афтæ сылгоймаг дæр ныр къайад фехалыны гæххæтт закъонмæ гæсгæ райсыны тыххæй хъуамæ сæ дзыппытæй равдæлон кæной фæйнæ фæндзгай мин сомтæ.

❤️ Нæ студийы уазæг, ЗАГС-ы Дзæуджыхъæуы хайады разамонæг Челдыты Фатимæ ацы хъуыддагмæ хи цæстæй кæсы. Байхъусут-ма йæм.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
9👍1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🟨👩🏼🧑🏻 Фæсивæдæн йæхи æвзаг вæййы.

😍 Цас хорз æй зонынц нæ республикæйы цæрджытæ та, уый раиртæста не ‘мкусæг.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
5🔥2👍1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ирон адæммæ чызг скъæфыны æгъдау нæ уыд.

Фæзынд ХХ-æм æнусы революцийы фæстæ. Уыцы темæ бæстонæй раиртæста историон наукæты кандидат Дауиаты Тамарæ.

🌟 Скъæфын та райдыдтой, административон æгъдауæй паддзахадæн хъалон фидын кæй хъуыд, уый тыххæй. Уæвгæ, рæстæг йæхи фæзилæнтæ бахæссы. Зæгъæм, абон æгъдæуттыл ахадынц нырыккон цаутæ дæр.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍7🙏21🤔1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🤔 Уæлдæр æви астæуккаг профессионалон ахуырад?

Нырыккон дуджы цавæр дæсныйæдтæ сты ахадгæдæр? Уый тыххæй нын #Йæрæстæгыл радзырдта Цæгат Ирыстоны базарадон-экономикон колледжы сæргълæууæг Æбиты Валерий.

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍7🔥1🫡1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🗣 Рæстæгæй-рæстæгмæ æхсæнады сдзурынц æвзæгты тыххæй закъон райсыны тыххæй.

🤔 Знон æмæ абоны хъуыддаг нæу. Дзурынц ыл цалдæр азы, фæлæ ныхасæй дарддæр хъуыддаг нæ рæзы. Уый нæ, фæлæ ма "цæмæн нæ хъæуы", зæгъгæ, хъуыдытæ фæзыны.

🗣 Уымæй та бафарстам Ирон æвзаджы райрæзты Центры директор Куыдзойты Анджелæйы. Йæ дзуапп уыд бæстон æмæ мидисджын.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍4👏3😭2
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📚 Куыдзойты Анджелæ æвзаджы дæсны у.

🤔 Фæлæ хаттæй-хатт Дзæуджыхъæуы кусæндæтты нæмттæ фæсарæйнаг æвзæгтыл фыстæй æмбаргæ дæр нæ бакæны. Диссаг æм кæсы, мадæлон æвзаджы гæнæнтæй цæуылнæ спайда кæнынц, кæд æмæ сын уыцы фадат ис, уæд.

🤍 Не `взаг хъæздыг кæй у, уымæн æрхаста ирд дæнцæг. Стæй ма нын радзырдта, æндæр горæтты цы фæзминаг дæнцæгæн уыд æвдисæн, уый тыххæй дæр.

#Йæрæстæгыл

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
10👍4👏1🙏1😭1