ХИВÆНД СÆНЫЧЧЫТÆ.
Дыууæ сæныччы фембæлдысты нарæг хидыл. Хидыл фæзилæн нæ уыд. Сæ иуы хъуыди иннæмæн фæндаг раттын. Фæлæ дыууæ дæр хивæнд уыдысты, иу дæр нæ разы кодта иннæмæн фæндаг раттыныл. Райдыдтой сыкъайæ хæцын. Сæныччытæ дыууæйæ дæр хидæй асхъиудтай æмæ доны смидæг сты.
#аргъау

Forwarded from Woodwork_galau (***Valek)
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Forwarded from ЧИНЫГДОН «БÆРЗÆФЦÆГ»
Цопанаты Хаджумар. Абырæг (Æртæактон фондзнывон драмæ). 1971 аз.
СОХИТЫ ЛОХ.
Мызуры Сохиты Лох мæсыгмæ фехста халоны. Нæмыг схъис радта æмæ дзы Хъарданты зæронд ус фæмард. Уыйадыл дыууæ мыггаджы фæтуджджын сты. Лох йæхи айста Зилахармæ, уым цæйдæр хъуыддаджы фæдыл уыдысты кæсгон æлдар Джанхотты фæсдзæуинтæ — ’стдæс барæгæй. Фæсдзæуинтæ Лохы куы ауыдтой, уæд, ай иунæг нæ уыдзæн æмæ нæ алыфарс æртыхсынмæ хъавынц, зæгъгæ, лидзæг фесты. Сæ бæхтæ бохъитыл бастæй баззадысты æд саргъ, æд двитонгтæ. Сæ хъаст ныххастой æлдармæ.
Лох хабар фембæрста.
⬇️⬇️⬇️

Замманайы сырдджын ран бон-изæрмæ фæцуан кодта. Амардта ’стдæс саджы æмæ сæ Мызурмæ ’стдæс бæхыл схаста, радта сæ хъæубæстæн æмæ фæстæмæ бæхтимæ Зилахармæ æрцыд. Иу заманы фæсдзæуинты хицау кæсгон æлдар фæцыд Зилахармæ, ме ’стдæс фæсдзæуины кæмæй фæтарстысты, уыцы ироны мæхи цæстæй фенон, зæгьгæ.
Лох æй суазæг кодта. Уæдмæ хъæды астæу йæхицæн рæстæгмæ цæрæн халагъуд дæр æрцарæзта.
Лох радзырдта хъуыддæгтæ иуылдæр, туджджынты хабар дæр æмæ фæсдзæуинты ми дæр. Ирон лæг кæсгон æлдары зæрдæмæ тынг фæцыд. Уæздан разынд йæхæдæг дæр. Бафидыдтой. Æлдар ын загъта:
— Мæнæ дын адæм, кусджытæ.
Лæвæрдта йын хæрзиуджытæ дæр. Лох уыдон нæ бакуымдта, фæлæ йын загъта:
— Кæддæр Кæсæг ахастой Хъардантæй лæппу, æмæ мын кæд дæ зæрды исты хорздзинад ракæнын ис, уæд мын уыцы лæппуйы ссарынмæ баххуыс кæн.
Æлдар акодта Лохы йемæ сæхимæ. Æлдар мæймæ ссардта лæппуйы.
Уырдыгæй Мызурмæ абалц кодтой Сохиты Лох, кæсгон æлдар æмæ Хъарданты сæфт лæппу. Лæппуйы тынг сарæзтой. Йæ хъуырыл ын бакодтой ноджы урс хæрдгæбаст. Хъардантæ йыл тынг фæцин кодтой. Дыууæ мыггаджы Сохитæ æмæ Хъардантæ уым бафидыдтой...
(Радзырдта йæ Маккоты Басил)

Хъайттаты С. X—18 Ирон хабæртгæ — 3-æм рауагьд — Дзæуджыхъæу: Ир, 2009
Forwarded from Госфилармония РСО-А
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Отличное настроение от аутентичного коллектива «Уацамонгæ» 🎶
animation.gif
18.6 MB
ЗИУ.
Зиумæ-иу фылдæр хатт мæгуыртæ фæдзырдтой, йæ хæдзары кусæг адæм, бæх, гал кæмæ нæ уыд, ахæм бинонтæ. Зиуы рæстæг бинонтæ кодтой адæмы æмгуыст. Зиууæтты хардз уыдысты кусарт, уæливыхтæ, нуæзт... Зиумæ-иу расидтысты хосгæрдæнты, ссивæнты, хосласæнты, хуымгæрдæнты, найгæнæнты æмæ ма раст хæдзар аразгæйæ дæр. Хъæубæстæ-иу æмхуызонæй февнæлдтой, æмæ-иу уайтагъд куыстытæ ахицæн сты.
Хъæздгуытæ дæр-иу зиумæ фæдзырдтой. Минас, бæрæчет-иу дзæбæх равæрдтой, сæ бон фылдæр амыдта. Гъе, æцæг арæх сæхæдæг зиууæттимæ нæ куыстой. Уымæн баззад, æвæццæгæн, фыдæлтæй дæр: «Халон зиу ракодта, йæхæдæг уæлкъуыпп сбадт».
Хъайттаты С. X—18 Ирон хабæртгæ — 3-æм рауагьд — Дзæуджыхъæу: Ир, 2009
#ӕгъдау

Forwarded from Ævicon bæstæ
Иллюстрации Азанбека Джанаева к поэме Лермонтова "Измаил-Бей" (1961)
Содержание поэмы семнадцатилетнего Лермонтова основано на исторических событиях , прототипом послужил кабардинский князь Измаил-бей Атажукин.

ÆРФÆНЫ ФÆД.
Уæларв иу кæронæй аннæмæ æвзист фæндагау цы стъалыты цæхæр нымраст вæййы, уый таурæгътæм гæсгæ у Уастырджийы бæх — Æрфæны фæд. Стъалыты уыцы цæхæр та равзæрд бæхæн йæ зынг сæфтджыты æрцæфтæй арвы тъæпæныл. Æрфæн у базырджын. Цæстыфæныкъуылдмæ арвы алыварс æртæ зылды æркæны. Куыд дзурынц, афтæмæй фыццаг зæххон бæх дæр уымæй равзæрд (Чесана, Дур-дура дæр æй хонынц). Зæгъынц, æртыкъахыг у.
Цоциты Алан куыд зæгъы, афтæмæй, æвæццæгæн, Фыдыкомбæттæны бæрæгбон кодтой Æрфæнæн, æмæ фæстагмæ Æрфæны нæ, фæлæ йæ хицауы — Уастырджийы бæрæгбон ссис.
#таурӕгъ
Уæларв иу кæронæй аннæмæ æвзист фæндагау цы стъалыты цæхæр нымраст вæййы, уый таурæгътæм гæсгæ у Уастырджийы бæх — Æрфæны фæд. Стъалыты уыцы цæхæр та равзæрд бæхæн йæ зынг сæфтджыты æрцæфтæй арвы тъæпæныл. Æрфæн у базырджын. Цæстыфæныкъуылдмæ арвы алыварс æртæ зылды æркæны. Куыд дзурынц, афтæмæй фыццаг зæххон бæх дæр уымæй равзæрд (Чесана, Дур-дура дæр æй хонынц). Зæгъынц, æртыкъахыг у.
Цоциты Алан куыд зæгъы, афтæмæй, æвæццæгæн, Фыдыкомбæттæны бæрæгбон кодтой Æрфæнæн, æмæ фæстагмæ Æрфæны нæ, фæлæ йæ хицауы — Уастырджийы бæрæгбон ссис.
Хъайттаты С. X—18 Ирон хабæртгæ — 3-æм рауагьд — Дзæуджыхъæу: Ир, 2009
#таурӕгъ
Forwarded from рухс_ссудз
Дун-дунеимæ баст терминтæ:
Рухсдæттæг - светило
Бонвæрнон - Венера
Арвы тымбылæг - небесная сфера
Авд хойы - Плеяды
Æрфæныфæд - Млечный Путь
Хурдалынг - солнечное затмение
Стъалыбардз - созвездие
Тæлмон рæстæн - поясное время
абон уыдыстæм Планетарийы уазæгуаты.
#рухс_ссудз
Рухсдæттæг - светило
Бонвæрнон - Венера
Арвы тымбылæг - небесная сфера
Авд хойы - Плеяды
Æрфæныфæд - Млечный Путь
Хурдалынг - солнечное затмение
Стъалыбардз - созвездие
Тæлмон рæстæн - поясное время
абон уыдыстæм Планетарийы уазæгуаты.
#рухс_ссудз
IRON ARGHAW
Photo
РУВАС НОМÆВÆРÆГ.
Рувас æмæ арс иумæ цардысты. Уæд иу бон сæ куыстмæ ацыдысты, хуымы куыстмæ. Æмæ рувас куы сæххормаг, уæд афтæ бакодта:
— У-у!—зæгъгæ.
Арс æй фæрсы:
— Цы кодтай, Буба?
— Æлдаратæн лæппу райгуырд,— æмæ мæ сæхимæ хонынц номæвæрæгæн.
Рацыди рувас уырдыгæй æмæ, рувас æмæ арсæн царв уыди сæ хæдзары, иу дурын йæ тæккæ дзаг, Рувас сæхимæ бауади æмæ царвæй бахордта. Фæстæмæ куы аздæхт хуыммæ, уæд æй арс фæрсы:
— Цы йыл сæвæрдтай?
— Былкъахыр, — загъта рувас.
Сихор куы сси, уæд та рувас фæкодта:
— У-у!
— Цы та кодтай, Буба? — фæрсы йæ арс.
Рувас дзуапп радта:
— Мæ ном сæ зæрдæмæ нæ цæуы: дыккаг ном, дам, ыл æвæрын хъæуы, зæгъынц.
— Ацу, Буба, æмæ-иу тагъд раздæх фæстæмæ,— зæгъы йын арс.
Ацыди рувас æмæ та царвæн йе ’рдæг бахордта. Фæстæмæ æрбацыд рувас æмæ йæ арс фæрсы:
— Гъы, цы ном ыл сæвæрдтай?
— Астæунарæг-гуырвидауц,— загъта рувас.
Гыццыл фæстæдæр та сæххормаги рувас æмæ та фæкодта:
—У-у!
—Цы та кодтай, Буба? — фӕрсы ар
— Сæ ном та сæ зæрдæмæ нæ цæуы, æмæ та, дам, ыл- ног ном сæвæр, — дзуры рувас.
Арс ын загъта:
— Ацу, æмæ йыл ном сæвæр. Кæд сæ зæрдæмæ цæуа, — хорз, кæннод ыл æндæр ном нал сæвæрдзынæн, зæгъгæ, сын зæгъ.
Рувас ацыд æмæ бынтондæр бахордта царв, æмæ; дурыны фæнык- ныккодта. Æмæ фæстæмæ æрбаздæхт.
Арс ӕй фæрсы:
— Гъы, Буба, цы ном ыл сæвæрдтай?
— Быныстæрд, зæгъгæ, йыл сæвæрдтон.
— Уæдæ хорз, — загъта арс дæр.
Изæрæй сæхимæ æрцыдысты. Æмæ арс загъта:
— Цу-ма, Буба, дæ царв рахæсс æмæ дзы фæлладæй ахæрæм.
Рувас-Буба царвы дурын рахаста æмæ йæ арсы цур æрæвæрдта. Рувас афтæ зæгъы:
— Абон йæ сæр гомæй баззад æмæ йыл рыгтæ фæбадтысты. Æмæ дæ цæстытæ ныйирд кæ æмӕ йæ ныффу кæ.
Арс йæ цæстытæ ныггом кодта æмæ дурын ныффу кодта æмæ йæ цæстытæ байдзаг сты. «Ай мæ цæрын нал ныууадздзæн», — загъта рувас, æмæ алыгъди. Арс æй фæсте сурын байдыдта, æмæ йæ ’иу ран куы баййæфта, уæд ын йæ къæдзилыл фæхæст æмæ йын æй ратыдта. Рувас алыгъди. Уæд арс афтæ зæгъы:
— Цæугæ, ныр мын нал аирвæздзынæ, æнæкъæдзил рувас нæй дæуы йедтæмæ.
Рувас уæд хъуыды байдыдта: «Мæрдты дæр мæ нал ныууадздзæн, уый тыххæй æмæ æнæкъæдзил рувас мæны йедтæмæ никуал ис æмӕ исты æрхъуыды хъæуы», зæгъгæ.
Кæсы æмæ иу ран иу сывæллон, йæ авдæны бафынæй, йæ фарсмæ, хъазгæ кæмæй кодта сывæллон, ахæм фæрдгуыты хал. Рувас сæ йæ хъуырыл бакодта. Уæд æй иннæ рувæстæ фæрсынц:
— Мæнæ цы рæсугъд фæрдгуытæ ис! Кæм дын уыдысты, мах дæр сыл куы фæхæст уаиккам?
Рувас загъта:
— Уый хæрз æнцон у. Дæлæ донмæ ныццæут æмæ дзы уæ къæдзилтæ нытътъыссут æмæ сæ бонмæ уым фæдарут.
Нытътъыстой сæ уым, уыдис зымæг. Бонмæ уым фæбадтысты. Бонæй адæм зынын куы бандыдтой, цуанæттæ куы фæзындысты, уæд рувæстæ фæтарстысты, фæлæ сæ къæдзилтæ ныйих сты, схæц-схæц кæнынц, — нæй, æмæ сæ уæд атыдтой æмæ алыгъдысты. Алырдыгæй дунейы æнæкъæдзил рувасæй байдзаг.
Арс рувæстæй куы иуы æрцахсы, куы иннæйы æрцахсы, уæдæ ды уыдтæ «мӕ гæнæг», зæгъгæ. Куы нал дзы фæрæзтой арсæй рувæстæ, уæд мæгуыр лæджы тæскъ радавтой ӕмæ-йæ, схастой къуыбырмæ. Стæй арсмæ фæсидтысты æмæ йын загътой:
— Ардæм рацу.
Арс сæ фæрсы:
— Æмæ уын ацы тæскъ та цы у?
Рувæстæ загътой:
— Мах ацы тæсчъы ныббырдзыстæм, æмæ, дæлæ уæтæрмæ ныттулдзыстæм æмæ уым фысы фыд хæрдзыстæм цас нæ хъæуа, уыйас.
— Уæдæ дзы мæн цæвæрут, —загъта арс.
Арсы.уым нывæрдтой, йæ сæр ын куыддæртæй ныффидæрттæ кодтой æмæ йæ къуыбырæй ратылдтой, сæхæдæг хъæр кæнынц фиййæуттæм:
— Арс уæм фæтулы æмæ уын хæрдзæн уæ фос, фæлæ хъахъхъæнут!
Арсы уым ныммардтой фиййæуттæ, рувæстæ та æгасæй баззадысты. Ууыл ахицæн хъуыддаг.

Радзырдта йæ Икъаты Къоста Михалы ф ы р т. Елхот. Ныффыста йæ Брытъиаты Созырыхъо. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 248, папкæ 55, ф. 8—11.
#аргъау