IrystonTV
9.03K subscribers
4.1K photos
16.9K videos
1 file
18K links
🤍Первое национальное ТВ
Только проверенная информация
💛На русском и осетинском языках
💫Будь с нами!
🌐 iryston.tv
Download Telegram
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🔤Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы  боны кадӕн мадзӕлттӕ райдыдтой поэт, драматург, публицист Хетӕгкаты Къостайы цыртдзӕвӕны цур дидинджытӕ сӕвӕрынӕй.

Ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕджы ном ссардтой Сергей Меняйло, хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ.

🟥 Республикӕйы сӕргълӕууӕг йӕ раныхасы фӕнысан кодта бӕрӕгбоны ахадындзинад, ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ бахъахъӕнын ӕмӕ рӕзын кӕнын куыд ахсджиаг у, уый. Дӕнцӕджы хуызы – йӕ раныхас уыд иронау.

🤍❤️💛

🔤Традиционное возложение цветов к памятнику поэта, драматурга, публициста Коста Хетагурова открыло череду мероприятий к Дню осетинского языка и литературы.

В церемонии участвовал Сергей Меняйло, а также представители органов власти и общественных организаций.

🟥 Глава республики в своём выступлении подчеркнул значимость праздника и важность сохранения и развития осетинского языка. Пример подал сам - говорил по-осетински.

#зонирон

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🔤 Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон баст у Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр»-ы рацыды бонимæ.

Номдзыд поэты фыст æмдзæвгæ «Ныстуан» кæсынц «Осетия-Ирыстон»-ы кусджытæ.

🤍❤️💛

🔤День осетинского языка и литературы приурочен к выходу книги Коста Хетагурова "Ирон фæндыр".

И одно из стихотворений прославленного поэта - "Ныстуан" - читают сотрудники "Осетия-Ирыстон".

#зонирон

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🔤 Афтæ Ирон æвзаджы бæрæгбон æрвитынц 7-æм скъолайы.

🤍❤️💛

🔤 Так День осетинского языка и литературы отмечают в 7-ой школе.

#зонирон

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📈 Æмбæлгæ гæххæттытæ раст фыссын, куыстдæттæджы иумæйаг куыстмæ сразæнгард кæнын æмæ ног дæсныйадимæ базонгæ уæвын... Цæгат Ирыстоны Паддазахадон университеты (ЦИПУ-йы) студенттæн сарæзтой «Дни карьеры».

📑Ам фæсивæдæн амондзысты амалхъомдзинады сусæгдзинæдтæ æмæ йæ куыд райдайæн ис, уый. Радзурдзысты алы дæсныйæдты хицæндзинæдтыл, сæйрагдæр та бацамондзысты æмбæлгæ гæххæттытæ куыд фыссын хъæуы, уый, цæмæй куыстдæттæг компаниты разамонджыты сцымыдис кæнай, уый тыххæй. Уымæн æмæ куыстдæттæг фыццаджыдæр кæсы, резюме, кæй хонынц, уымæ.

🔸ЦИПУ-йы физикон-техникон факультеты та уыд гом дуæртты бон. Ацы хатт суазæг кодтой Кæрдзыны скъолайы ахуырдзауты. Зæгъын хъæуы уый æмæ ахæм фембæлдтытæ уæлдæр скъолайы арæх вæййынц. Сæ нысан у – рæзгæ фæлтæры ног дæсныйæдтимæ зонгæ кæнын.

🤍❤️💛

📈 Составить грамотное резюме, заинтересовать будущего работодателя и познакомиться с новой специальностью. Студентам СОГУ провели «Дни карьеры».

📑Здесь учат строить бизнес с нуля, подробно рассказывают о всех тонкостях и нюансах профессий. И, конечно, как правильно писать резюме и сразу заинтересовать понравившуюся компанию.

🔸А на физтехе СОГУ провели день открытых дверей для школьников из Карджина. Встречи с будущим абитуриентами проходят регулярно. Главная цель — приобщить ребят к новым профессиям и востребованным направлениям.

#зонирон

Подписывайтесь на irystonTV
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🔤 Ирон æвзаг – адæмты иугæнæг!

🇬🇪 Ирон æвзаджы бонмæ Цæгат Кавказы Хæххон-Металлургон институты фæсарæйнаг бæстæтæй ссæугæ студенттæ сахуыр кодтой Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Ныфс».

🤍❤️💛

🔤 Осетинский язык объединяет.

🇬🇪 Иностранные студенты СКГМИ специально к празднику выучили строчки из стихотворения «Надежда» Коста Хетагурова.

#зонирон

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🟥 Ирыстон – сæ æгæрон уарзт! Мадæлон æвзагыл чи фыссы, уыцы журналистты хсæн конкурсы не 'мкусджытæ Хъулаты Юрий æмæ Уртаты Сæрмæты куыстытæ нымад æрцыдысты хуыздæртыл.

🔤 Республикон преми "Мæ уарзон Ирыстон" у æрвылазон æмæ афæдзæй-афæдзмæ уацхæсджыты разæнгард кæны ирон æвзагыл фылдæр æмæ цымыдисаг æрмæджытæ фыссынмæ. Ацы аз конкурсмæ æрбарвыстой 50 куыстæй фылдæр. Республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис абон схорзæхджын кодта алы номинациты хуыздæр куыстыты авторты.

🏆 Хъулаты Юрийы проект “Бæрцытæ. Хæстимæ хæст” нымад æрцыд хуыздæр телевизион программæйыл. Уртаты Сæрмæты документалон киноныв «Æгъуызарты Æхсарбег. Арæнтæ уæрæхгæнæг» та жюрийы уæнгтæ банымадтой сæрмагонд премийы аккагыл.

Премийы лауреаттæ ма систы:
🎗 номинаци “Мыхуыры фæрæзты” Битарты Мæринæ æмæ Хетæгкаты Оксанæ æрмæг  “Дихтæ, дихтæ – нæ, фæлæ рухсмæ – иумæ æнгомæй!”-йы тыххæй;
🎗 радиоæрмæджыты 'хсæн хуыздæр уыд Тæбæхсæуты Балойы тыххæй программæ, йæ автор  Хæдарцаты Лидæ;
🎗 интернет-æрмæджыты хсæн та хуыздæрыл банымадтой Колыты Людмилæйы проект “Не ‘взаг – сæ хæзна”.

🤍❤️💛

🟥 Осетия – их любовь! Работы наших коллег - Юрия Кулова и Сармата Уртаева стали победителями конкурса на лучшую журналистскую работу на осетинском языке.

🔤 Республиканская премия «Осетия – любовь моя» вручается ежегодно, являясь ещё одним стимулом для издания журналистских произведений на родном языке. В этом году поступило около 50 заявок, авторов лучших из которых сегодня награждает премьер Борис Джанаев.

🏆 Юрий Кулов стал обладателем премии в номинации «Телевизионные материалы» за проект «Бæрцытæ. Хæстимæ хæст», а Сармат Уртаев получил специальную премию за работу «Æгъуызарты Æхсарбег. Арæнта уæрæхгæнæг».

Лауреатами так же стали:
🎗 Марина Битарова и Оксана Хетагурова «Дихтæ, дихтæ – нæ, фæлæ рухсмæ – иумæ æнгомæй!» («Печатные материалы»),
🎗 Лида Хадарцева «Календарь знаменательных дат. Бало Тхапсаев» («Радиоматериалы»),
🎗 Людмила Колиева за цикл работ «Не ‘взаг – сæ хæзна» («Материалы интернет-изданий»).

#зонирон

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔤 Ирон æвзаг æмæ литературæйы Бонмæ абон комкоммæ эфиры сараздзыстæм викторинæ!

📺 Сæрмагонд программæ «Æ-ЭФИР»-ы райдайдзæн 19 сахаты æмæ 30 минутыл. Чи нæм кæса, уыдонæн ракæндзыстæм лæвæрттæ. Нæ программæйы æмбæхст уыдзæн иу хъуыдыйад. Иронау! Йæ дзырдтæ йын рæстæгæй-рæстæгмæ экраныл æвдисдзыстæм. Сымах сæ хъуамæ кæрæдзийы фæдыл раст равæрат. Уый тыххæй уæ хъус лæмбынæг дарут экранмæ.

📞 20 сахаты æмæ 20 минутыл скусдзæн нæ комкоммæ бастдзинады телефон: 72-28-86. Уырдæм нæм дзурут уæ дзуæппытимæ! Программæйы кæронмæ нæ хæрзиуджытæ æрхаудзысты, сæрæндæр чи разына, фыццаг уыцы æртæ адæймагмæ.

🤍❤️💛

📺 Смотрите прямой эфир и получайте подарки! В праздничной программе на экране будут появляться осетинские слова, из которых нужно будет составить предложение.

📞 «Æ-ЭФИР» начинается в 19:30, а уже в 20:20 мы ждем ваши правильные ответы! Первые трое дозвонившихся по студийному номеру 72-28-86 получат сувениры от «Осетия-Ирыстон».

#зонирон

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🔤 «Ирон æвзаг - мæ зынджы хай, мæ арт!» Ахæм сæргондимæ литературон-музыкалон равдыст бацæттæ кодтой Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 27-æм рæвдауæндоны.

🇬🇪 Ацы рæвдауæндоны мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл зæрдиагæй архайынц. Уæдæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы бонмæ дæр сæхи æнувыдæй цæттæ кодтой - хъомылгæнджытæ, сабитæ æмæ сæ ныййарджытæ иумæ.

#зонирон

Подписывайтесь на irystonTV
🤍❤️💛
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM