СапÆ
1.24K subscribers
1.57K photos
391 videos
1.65K links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Download Telegram
Рох нӕу: абон Къудухты Бесикыл сӕххӕст уыдаид 38 азы

🔻Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг, дунейы 4 хатты чемпион, Европӕйы чемпион, Пекины Олимпаг хъӕзтыты бронзӕ призер, Лондоны Олимпаг хъӕзтыты ӕвзист призер... Иннӕ хъуамӕ уыдаид сыгъзӕрин. Цыфӕнды спортсмены бӕллиц. Хъыгагӕн, йӕ къухы нӕ бафтыд. Фӕлӕ Бесик спорты ирд фӕд ныууагъта.

Цӕрдӕг ӕмӕ цӕхӕрцӕст лӕппу спорт йӕ гыццылӕй бауарзта. Фыццаг уыд футбол. Фӕлӕ хъӕбысхӕст тыхджындӕр разынд. Равзӕрст хъуыддаг ӕмӕ зӕрдӕйы монцтӕ стæм хатт баиу вӕййынц, фæлӕ Бесикмӕ уыцы амонд бахудтис. Уӕвгӕ, алцӕмӕйдӕр хицӕн кодта. Йӕ уӕздандзинад ӕмӕ ӕфсарм, йӕ тырнындзинад ӕмӕ ныхмӕлӕуджытӕн кад — алы хъуыддагӕй дӕр-иу йӕхи бауарзын кодта. 

Æрхъуыдыджын лӕппу-иу йӕ тренеримӕ бакуыста ног техникӕтыл æмӕ йын цалынмӕ йæ ныхмӕлӕуджытӕ йе уӕнгты змӕлдыл дис кодтой, уӕдмӕ Бесик уӕндонӕй цыд уӕлахизмӕ.

Богалы арӕхстдзинад ын ӕрдзӕй лӕвӕрд уыдис. Фӕлӕ хъысмӕт йӕхи тӕрхон рахаста — стыр спортсмены ирд цардвӕндаг аскъуыдта. Ӕгӕр раджы.

➡️ Спортуарзджыты ӕмӕ спортсменты зӕрдӕты Бесик раздӕрау у, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕймаг. Йӕ рӕстӕджы йӕ ныхмӕлӕууӕг Генри Сехудо загъта: «Бесик у иунӕг, дыккаг ахӕм нӕй».

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
YouTube-ы ӕвзӕр куысты тыххӕй Цӕгат Ирыстоны абонентты 10% фӕнд кӕнынц хӕдзары интернет ахуыссын кӕнын

🔻Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ хъаст кӕнынц видеохостинг YouTube-ы ӕвзӕр куыстӕй. Уый аххосӕй алы бон дӕр интернет-оператор M2Connect-ы офисмӕ ӕрбацӕуынц адӕм.

💬 «Афтӕ фӕкӕнынц, ома, тагъд рӕстӕджы уавӕр хуыздӕрмӕ куы нӕ аива, уӕд интернет ахуыссын кӕндзысты. Ахæм абоненттӕ ныртӕккӕ 2 мины сты», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн компанийы генералон директор Дзиуаты Михаил.

Бӕлвырддӕр ӕрмӕг кӕсут ам.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Мӕхӕмӕтты Бек ацыд Цӕгат Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдары бынатӕй

🔻Йӕ куысты радон ӕмгъуыд кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Республикӕйы Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдарӕй фидаргонд ӕрцыд 2012-ӕм азы, 2018-ӕм азы йӕ уыцы бынаты сӕвӕрдтой дыккаг хатт.

➡️ Ныртӕккӕ Уæлдӕр тӕрхондоны сӕрдары хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕны йӕ хӕдивӕг Гусаты Сергей.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Олимпаг бассейны дӕргъ цас у?
Anonymous Quiz
6%
45 метры
49%
50 метры
14%
55 метры
31%
100 метры
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — джынасу.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны фыццагкъласонтӕн фыццаг хатт скодтой национ хуызы конд лӕвӕрттӕ

🔻Скъолайы дзауматæн ног хуыз раттой республикӕйы автономийы 100 азы бонмӕ. Ацы аз сӕ балӕвар кӕндзысты 9 мин фыццагкъласонӕн. Иу комплекты аргъ у 1,6 мин сомы. 

Ахуырæн хъӕугӕ гӕрзтӕ дзы се 'ппæт дæр сты. Алкæцыйыл дæр дзы фыст ис йӕ ном, уыимӕ дыууӕ ӕвзагыл — уырыссагау ӕмӕ иронау. Сӕ фӕлыстыл сын бакуыста рауагъдад «Перо и кисть».

💬 «Сывӕллӕттӕ се 'ппӕт иронау кӕй нӕ дзурынц, ахӕм уынаффӕ уымӕн рахастам. Афтӕмӕй сын мадӕлон ӕвзаг ахуыр кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн рауагъдады директор Дзыныхты Анжелӕ. 

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, нывгӕнӕг Джабиты Романы нывӕфтыдты фӕрцы сывӕллӕттӕ бацыбæл уыдзысты сæ мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ сӕ адӕмы культурӕ ахуыр кӕнынмæ. 

💬 «Дзауматæн се 'ппæтыл дæр бакӕсӕн ис: "Зонд хурæй рухсдæр у". Мӕнмӕ гӕсгӕ, уый ахсджиаг хъуыды у. Хъуамӕ дзы исты девиз уа. Ацы аз у ахӕм», — радзырдта нын Дзыныхты Анжелӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Парижы Паралимпаг хъӕзтыты архайдзысты ӕхсӕз цӕгатирыстойнаг спортсмены рог атлетикӕйӕ

🔻Ныртӕккӕ спортментӕ сӕхи ерыстӕм цӕттӕ кӕнынц Новогорскы базӕйы. Хынцӕгты Хетӕг йӕ тыхтӕ фӕлвардзӕн дӕргъмӕ гӕпп кӕнынӕй, Кокойты Алан ӕмӕ Хӕбӕлаты Таймураз — уӕзӕгтӕ ӕппарынӕй, Мӕргъиты Георги — хӕрдмӕ гӕпп кӕнынӕй, Дзаттиаты Давид ӕмӕ Сланты Виктория та ерыс кӕндзысты 100, 200 ӕмӕ 400 метры дугъты.

Ивгъуыд Паралимпаг хъӕзтыты чемпион Хынцӕгты Альбертӕн ацы хатт Олимпаг майданыл тох кӕныны фадат нӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодта йӕ тренер Гаглойты Валери. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ категорийы дунеон рейтингты Альберт уыд фыццаг бынаты. Ерыстӕм ма ӕртӕ мӕйы хъуыд, афтӕ рабӕрӕг, йӕ бон ӕппӕтдунеон ерысты архайын кӕй нӕу, уый.

💬 «Альберт архайдта, йæ къух æмæ йæ къах хъыгдард кæмæн уыдысты, уыдоны 'хсæн. Японийы ерысты рæстæг спортсменты ӕнӕниздзинадмӕ цӕстдарӕг дохтыртӕ рабӕрӕг кодтой, æрмæст йæ къух кæй у сахъатджын, ӕмӕ йӕ раивтой ӕндӕр къордмӕ. Уымӕ гӕсгӕ, квалификацион ерыстæм ацæуынӕн Альбертӕн рӕстӕг нал уыдис. Паралимпаг хъӕзтыты дыккаг хатт бацархайыны бӕллицæй ницы рауад», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн, йе 'нӕниздзинад хъыгдард кӕмӕн у, ахæм адӕмы спортивон скъолайы директор Гаглойты Валери.

📄 Парижы Паралимпаг хъӕзтытӕ райдайдзысты 28-ӕм августы. Уӕрӕсейаг делегаци сӕм абалц кӕндзӕн 21-ӕм августы. Нӕ бӕстӕйӕ дзы ӕдӕппӕтӕй архайдзӕн 90 спортсмены.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны зооволонтертӕ агурынц 25-аздзыд ветеринары

🔻14-ӕм августы изӕрӕй Багаты Артур рацыд йӕ фатерӕй, Хъӕбӕлоты Билары номыл уынджы 20-ӕм хæдзарæй. Дыккаг бон ӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты Ӕрыдоны льготӕмӕ гӕсгӕ операцимӕ. Куы нӕ фӕзынд, уӕд ӕй волонтертӕ агурын райдыдтой, æххуысмæ бахатыдысты барадхъахъхъӕнджытæм дӕр.

💬 «Йӕ ныхасӕн хицау у. Йемӕ бастдзинад ма уа, афтӕ никуы уыдис. Мӕты куыннæ бацыдаиккам ӕмӕ пъӕлицӕмӕ бадзырдтам», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн волонтертӕ.

Знон изӕрӕй барадхъахъхъӕнджытӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй Артур фистӕгӕй бахӕццӕ Джызӕлы Барбашовы уынгмӕ. Уым йӕ чырӕ телефоны сигнал фесӕфт. Волонтертӕ ӕмӕ йӕ пъӕлицӕйӕгтӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв агуырдтой, фӕлӕ дзӕгъӕлы.

💬 «Абон нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты ӕнӕнхъӕлӕджы цауты фӕдыл министрады специалисттӕ. Се 'ппӕтæй дӕр курӕм, цæмæй нын не 'мбалы ссарын баххуыс кӕной», — зӕгъынц Артуры ӕмкусджытӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ.

📞 Фӕкӕсынмӕ цӕттӕ чи у, уыдонæй курæг сты ацы телефоны номырмӕ ӕрбадзурын: +79187071497.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Мӕргътӕн сӕ уасӕг цы хонынц?
Anonymous Quiz
21%
Халон
40%
Гæркъæраг
24%
Цицыр
16%
Зымыцъиу
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — фыццагкъласон.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны сомихӕгты фӕнды сӕ организаци сног кӕнын

🔻Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн фехъусын кодта организаци «Берд»-ы раздӕры разамонджытӕй иу Владимир Кулиджанов.

💬 «Фӕстаг дыууӕ азы архайын фӕсивӕды сразӕнгард кӕныныл, фӕлӕ сӕрӕн не сты. Мӕныл та 78 азы цӕуы ӕмӕ мын "Берд"-ы ӕппӕт хъуыддӕгтыл ӕххӕссын зын у. Официалон  гӕххӕттытӕм гӕсгӕ нӕ кӕд сӕхгӕдтой, уӕд хъуыды кӕнын хъӕуы, куыд ӕй сног кӕнӕм, ууыл. Кӕннод не 'мбӕстӕгтӕй ӕмӕ ӕхсӕнад "Эребуни"-йӕ ӕфсӕрмыйаг хъуыддаг у», — зӕгъы Владимир. 

Владимир Кулиджановы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны 300 сомихагӕй къаддӕр нӕ цӕры.

➡️ 15-ӕм августы республикӕйы юстицийы министрад фехъусын кодта, ӕртӕ ӕхсӕнадон организацийы кӕй сӕхгӕдта, уый тыххӕй. Се 'хсӕн «Берд» дӕр. Аххосаг: «Фӕстаг ӕртӕ азмӕ сӕ куысты тыххӕй ӕмбӕлгӕ гӕххӕттытӕ нӕ балӕвӕрдтой».

📄 Сомихаг ӕвзаг, культурӕ ӕмӕ традицитӕ ахуыр кӕнынӕн 2014 азы январы байгом кодтой организаци «Берд». Йӕ аразджытӕ фӕнд кодтой Сомихы республикӕимӕ ӕмӕ иннӕ бӕстӕты диаспорæтимӕ ӕмгуыст  кӕнын.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM